ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сараздзысты оперативон штаб коронавирусы апарахаты уавӕрмӕ цӕстдарды нысанӕн. Штабы сӕргъ слӕудзӕн республикӕйы Югосетпотребнадзоры сӕрдар Коцты Марина.
Ӕмбӕлон барамынд радта премьер-министр Пухаты Эрик, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.
Афтӕ ма штабы скондмӕ бахиздзысты Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад, Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ), Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК), Ӕдасдзинады совет, автотранспорты дӕлхайад, мидӕггагон политикӕйы дӕлхайад, паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитет, Дзау ӕмӕ Ленингоры районы администраци, прокуратурӕ ӕмӕ ӕндӕр структурӕты къухдариуӕгад.
Коцты Маринаимӕ фембӕлды рӕстӕджы хицауады сӕрдар банысан кодта, цӕрджытӕн иудадзыг кӕй хъуамӕ дӕттой информаци коронавирусы уавӕры фӕдыл.
"Абоны бон Хуссар Ирыстоны хицауад уадзы оперативон куыст, цӕмӕй ма ‘руадза апарахат кӕнын коронавирус республикӕйы территорийыл. Ацы уавӕры тыххӕй ДИФ-ты уылты хъусын кӕндзыстӕм цӕрджытӕн", - загъта Пухаты Эрик.
Коцты Марина куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй республикӕйы нырма не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты, сӕххӕст кодтой профилактикон мадзӕлттӕ, цӕмӕй ма ‘руадзой вирус апарахат кӕнын Хуссар Ирыстоны территорийыл.