Адæймаджы аххосæй: Хуссар Иры къуырийы дæргъы ахуыссын кодтой 70 зынгсирвæзты

© ГУ МЧС по РСО-АланияХуссар Иры зынгфæдисонтæ ивгъуыд къуыри ахуыссын кодтой 70 арт
Хуссар Иры зынгфæдисонтæ ивгъуыд къуыри ахуыссын кодтой 70 арт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлвæткон уагдоны информацимæ гæсгæ, зынгирвæзтты аххосаг фылдæр хатт вæййы адæймаджы уæлæнгай ахаст

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады зынгфæдисонтæ къуырисæры тох кодтой артимæ республикæйы столицæ æмæ хъæуты. Зынгсирвæзттæ бацахстой стыр тыгъдадтæ, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службæйы.

Уæлвæткон уагдоны информацимæ гæсгæ, зынгсирвæзтты аххосаг фылдæр бæрцæй свæййы адæмы уæлæнгай ахаст. Чысыл арты зынг апарахат вæййы стыр тыгъдадтыл.

"Знон æрмæст Знауыры районы цыппар хъæуы алыварс сыгъдысты быдыртæ. Зынгфæдисонтæ арт æмæ фæздæгæй ссæрибар кодтой Исахъы хъæу, Уистæ, Циндар æмæ Азуат. Алы ран дæр судзынц быдыртæ. Боны дæргъы зынгфæдисонтæ тох кодтой артимæ Монастъеры. Ӕнгæс уавæры уыдысты Цхинвалы районы аннæ хъæутæ: Сарабук, Дменис, Тихреу, Ход, Курта æмæ Абреу", - загътой уагдоны.

Уым ма банысан кодтой, зынгсирвæзт кæй æрцыд столицæйы хуссар хайы дæр.

Зынгирвӕзт  Присы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынгфæдисонтӕ фӕлварынц зынг ахуыссын кӕнын Присы

"Цхинвалы Гафезы уынгыл адæймаджы уæлæнгай ахасты аххосæй 'рцыд зынгсирвæзт. Кæрдæджытæ ссыгътой æмæ йæ арт ахызт мæнгагъуыстмæ æмæ уый дæр басыгъд", - загътой пресс-службæйы.

УУМ сиды æндæр структурæтæм, цæмæй æмбарынгæнæн куысты семæ бамбал уой.

"МХМ, районты æмæ хъæууон администрациты сæрдæрттæм хатæм, цæмæй æмархайд кæной æмбарынгæнæн куысты. Сидæм адæммæ, цæмæй арт ма 'фтауой кæрдæгыл, уæлдайдæр та арæзтæдтæм хæстæг. Ӕрмæстдæр ивгъуыд къуыри зынгфæдисонтæ хуыссын кодтой 70 зынгирвæзты", - бафтыдтой пресс-службæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0