Тадтаты Тамерланы ног чиныг спрезентаци кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Наталья АйриянТадтаты Тамерлан
Тадтаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыссӕг радзырдта йӕ интервьюйы Sputnik, цӕуыл цӕуы дзырд чиныджы, цӕмӕй уыдзӕн цымыдисон кӕсджытӕн ӕмӕ чи уыд сӕйраг хъайтарты прототип, уыдӕттыл

Цӕгат Ирыстоны столицӕйы дыццӕджы ацӕудзӕн хуссарирыстойнаг фыссӕг Тадтаты Тамерланы чиныг "Ангел Бесы" ӕмӕ йӕ сценаримӕ гӕсгӕ ног цыбырметражон киноныв "Икона"-йы презентаци.

"Ангел Бесы" у уарзондзинад, тас, рохуат, ӕнӕхатырдзинад ӕмӕ традицион хӕзнатӕ бавӕрыны фӕдыл радзырдты ӕмбырдгонд.

"Икона" – цыбырметражон киноныв, кӕцы систа Тадтаты Тамерлан йӕхи сценаримӕ гӕсгӕ. Лентӕ дзуры музейы кусӕг, йе ‘мбал чызг ӕмӕ снайперы тугджын тохы тыххӕй ӕнӕаргъ уазнывыл. Лентӕ систой фарон аз Хуссар ирыстоны.

- Тамерлан, лӕмбынӕгдӕр радзур ног чиныг "Ангел Бесы"-йы тыххӕй, тиражы ныридӕгӕн рацыд?

Книга Иди сюда, парень! - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕскуыйы рацыд Тадтаты Тамерланы ног чиныг "Иди сюда, парень!"

- Уойы, ныммыхуыр ӕй кодтой мӕскуыйаг рауагъдад "Новое литературное обозрение"-йы. Чиныг "Ангел Бесы" у роман радзырдты тыххӕй, цы ран фыссынц дыууӕ ӕвзонг лӕппуйы цардыл, кӕцытӕ 20 азы дӕргъы цардысты сӕ уарзон чысыл горӕт Цхинвалы. Чиныг фыст у сӕ хъомылад ӕмӕ хӕсты тыххӕй.

- Цӕуыл фыссыс дӕ радзырдты? Хъайтартӕ реалон сты ӕви ӕрымысгӕ?

- Хъайтартӕ ӕрымысгӕ не сты – уыдон сты цхинвайлаг лӕппутӕ, кӕцытӕ райгуырдысты ӕмӕ хъомыл кодтой нӕ горӕты. Чиныджы райдайӕны фыст цӕуы сӕ хъомыладыл, се ’мгардзинады сӕвзӕрдыл. Уымӕй дарддӕр радзырдты фыст цӕуы се ’мгӕртты хъысмӕтыл дӕр, кӕцытӕ, хъыгагӕн, нӕ фӕцардысты абоны бонтӕм. Уыдон фӕмард сты хӕсты.

- Цас рӕстӕг куыстай ацы чиныгыл?

- Ӕртӕ азы дӕргъы.

- Цы хъысмӕт уыд ацы сӕйраг хъайтартӕн? Уыдон ныр дӕр цӕрынц Хуссар Иры?

- Хъайтартӕ удӕгас сты и дарддӕр цӕрынц сӕ уарзон Цхинвалы.

Куыд хъуыды кӕныс, кӕй цымыдис кӕндзӕн чиныг ӕмӕ йӕ кӕм уыдзӕн гӕнӕн балхӕнын?

- Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, чиныг цымыдис кӕндзӕн алкӕйдӕр, уымӕн ӕмӕ уым ӕвдыст цӕуынц цаутӕ, кӕцыты бахаудтой хъайтартӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы адӕм иууылдӕр. Ӕппӕт Уӕрӕсейы уыдзӕн фадат балхӕнын ацы чиныг.

© Из личного архива Т.ТадтаеваТадтаты Тамерланы чиныг "Ангел Бесы"
Тадтаты Тамерланы ног чиныг спрезентаци кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тадтаты Тамерланы чиныг "Ангел Бесы"

Тадтаты Тамерлан у хуссарирыстойнаг фыссӕг, кӕцы у зындгонд ӕрмӕст Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы нӕ — йӕ сценаримӕ гӕсгӕ ист цыбырметражон нывӕфтыд фильм "Суадон" 2015 азы ӕвдыст ӕрцыд 68-ӕм Каннаг фестивалы.

Уый у Мӕскуыйы фысджыты цӕдисы уӕнг, престижон литературон конкурсты лауреат. Йӕ уацмысты фылдӕр хай у нывонд Хуссар Ирыстоны адӕмы тохӕн сӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады сӕрыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0