Цхинвалы цур судзы стыр бырондон

© Sputnik / Андрей Стенин /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цур судзы стыр бырондон
Цхинвалы цур судзы стыр бырондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвӕзты фӕздӕг апарахт горӕты уынгтыл. Цӕстӕйфенджытӕ систой арт видеойыл Транскамӕй, уырдыгӕй судзгӕ бырондон иттӕгхорз зыны

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны судзы хъӕбӕр ӕвзарӕнты бырондон Цхинвалы цӕгаттаг хай, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Быроны полигон ис Цхинвалӕй ӕртӕ-цыппар километры фалдӕр, зынгсирвӕзт ӕрцыд дыццӕджы райсом. Цауы бынатмӕ ацыдысты зынгфӕдисон къордтӕ, кӕцытӕ слокализаци кодтой арт, фӕлӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй донӕй ахуыссын кӕнын нӕй гӕнӕн, банысан кодтой уагдоны.

"Ахӕм цауты рӕстӕджы арт гӕнӕн ис слокализаци кӕнын ӕмӕ ныккалын арты гуырӕнты сыджыт. Горӕты службӕтӕ ныридӕгӕн ласынц уӕзласӕн хӕдтулгӕтыл зӕхцъар, уый фӕстӕ та йӕ ныккалынц артыл", - радзырдта УУМ пресс-секретарь Тедеты Роза.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзты фӕзуат нырма бӕрӕг нӕу. Уый фидарӕй загъта, бӕстыхӕйттӕн ӕмӕ паддзахадон ансамбль "Симд"-ы агъуыстӕн зынгсирвӕзт ницы тас хӕссы.

Ног хабӕртты лентӕ
0