Цхинвалы дзæгъæл куыдз фæхæцыд сывæллоныл. Кæд аскъуыддзаг уыдзæн проблемæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæХъыхъхъаг куыдз
Хъыхъхъаг куыдз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг рæстæджы та столицæйы сарæх сты дзæгъæл куыйты балтæ, тезгъогæнæг къордтæ тас æфтауынц адæмыл, хатгай хæцгæ дæр фæкæнынц

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы бон сихорафон скъоладзауы байстой хъыхъхъаг куыдзы дзыхæй, фарастаздзыд сывæллонæн куыдз стыдта йæ къухы фыд.

Ӕхсæнады сарæх сты ныхмæвæрд хъуыдытæ – адæм æмæ сабиты бахъахъхъæнын æви куыйтæм аудгæ ахаст. Республикæйы нæй закон, кæцы нывыл кæнæ ацы фарст.

Аудгæ ахасты аргъ

Цхинвалы æдзух проблемæты рæнхъы фидарæй æрфыссæн ис дзæгъæл куыйты дæр. Фæстаг æзты дзæгъæл, мæллæг æмæ æфхæрдхуыз куыйтæм бамбал сты æнæхауыр мыггаг "хæрзарæзт" хъомылгондтæ дæр, кæцыты сæ хицæуттæ рауадзынц сæрибарæй горæтмæ.

"Сабаты æртæ сахатмæ æввахс 8-æм июны уынгыл, Цъоны дуканийы раз хъыхъхъаг дзæгъæл куыдз фæхæцыд сывæллоны къухыл. Ацы куыдз æртыккаг хатт фæхæцыд сывæллоныл, уымæ гæсгæ йæ фехстой. Афтæ бакæсгæйæ рынчынгъуыз нæ уыд. Сывæллоны акодтой рынчынонмæ", - радзырдта Sputnik цауы æвдисæн Аслан.

"Ӕз сæ тæрсын"

Сабаты æрцæугæ цау иунæг нæу, куыйтæ сæ агрессийæ тасы æфтауынц цæрджыты, сæ æнæкæрон тыгуыртæн фенæн ис горæты алы районты дæр, бон дæр æмæ æхсæв дæр. Иуæй–иутæ сын сæ нывтæ мыхуыр кæнынц социалон хызæгты сæ фарсытыл.

© Лали Лали / FacebookКуыйтæ æнæкæрон тыгуыртæй фенæн ис горæты
Цхинвалы дзæгъæл куыдз фæхæцыд сывæллоныл. Кæд аскъуыддзаг уыдзæн проблемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыйтæ æнæкæрон тыгуыртæй фенæн ис горæты

"Ӕз сæ тæрсын. Тынг. Дыууæ хатт мыл фæхæцыдысты. Горæты фистæгæй цæуын нал уæндын. Цыппарæй къаддæр дзы никуы фенын. Ныр сывæллæттæ та куыд бакæной? Ӕмбарын æй, куыдз дæр уд у, сæ сæрыл иутæ гæрæхтæ кæнынц, фæлæ сабиты бахъахъхъæнын у ахсджиагдæр", - загъта МХМ кусæг, булкъон Гатайты Лали.

Дзæгъæл куыйтæ тæссагдзинад æвзарын кæнынц цхинвайлæгты психикæ æмæ цардæн

Уый ма радзырдта, хæдзарон куыйты дæр сæ хицæуттæ арæх кæй рауадзынц уынгтæм сæрибарæй.

"Хъæуы ахъуыды кæнын хицæутты бæрндзинадыл дæр, кæцытæ рауадзынц æнæркастæй сæ цæрæгойты уынгмæ", - бафтыдта Лали.

Дзуаппы ничи ис

Алайнаг ерархийы динамонæг, фыд Алексей ацы проблемæйы скъуыддзаг уыны куыйты стерилизацийы.

"Мæнæн мæхицæн мæ чызгыл фæхæцыд куыдз, уæдæй нырмæ сæ тæрсы. Фæлæ се ʻхсын проблемæйы скуыддзаг нæу. Ӕмбарын æй, нæ паддзахады авналæнтæ уый бæрц не ʻсты, цæмæй питомник саразой. Хъæуы куыйты ахсын æмæ сæ стерилизаци кæнын. Уый сæ парахат æрурæмдзæн æмæ стæй æрдызт куыдз хъыхъхъаг нал у æмæ нæ хæцы", - нымайы фыд Алексей.

Нæй закон

Динамонæг ма хъусдард аздæхта ацы фадыджы законы цухдзинадмæ.

"Хъæуы райсын закон, кæцы хъахъхъæна куыйты æмæ бæлвырд кæна куыйты хицæутты бæрндзинад. Куыйтæ марын нæй гæнæн, уымæй мах сабиты разæнгард кæнæм æгъатырдзинадмæ", - бафтыдта уый.

Хуссар Иры закондæттæг органы дæр Sputnik бамбарын кодтой, ацы фадыджы кæй нæй закон.

"Ацы законы райсыны инициатор гæнæн ис æмæ суа йæхæдæг парламент дæр æмæ горæты размынад дæр. Ныридæгæн ыл ныхас нæ цæуы, æмбарын хъæуы уый дæр æмæ законы райст йæ фæстæ кæй асайдзæн егъау финансон хæрдзтæ", - загъта парламенты информацион–аналитикон хайы кусæг Цоциты Игорь.

Проблемæимæ зонгæ сты мидхъуыддæгты министрады дæр. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2019 азы фыццаг æмбисы рынчындонмæ  куыдзы хæстытимæ бахауд 198 адæймаджы.

Цхинвалы дзæгъæл куыйтæ фæхæцыдысты карджын лæгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыххæй аирвæзт: Цхинвалы дзæгъæл куыйтæ фæцæй хордтой карджын лæджы

"Дзæгъæл куыйты проблемæ аиуварс кæнын хауы горæт æмæ районты администрацитæм. Сидæм адæммæ, цæмæй тыхст рæстæджы бадзурой МХМ-мæ, милицийы кусджытæн тæссаг рæстæджы бар ис спайда кæнын хæцæнгарзæй", - загътой Sputnik МХМ-йы пресс-службæйы.

Амæй размæ горæты администрацийы сæргълæууæг фехъусын кодта питомник саразыны хъуыды, фæлæ уыцы ныфс радтыны фæстæ хъуыддаг йæ бынатæй нæма фезмæлыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0