Президент телеуынынады тыххӕй: Хуссар Иры иууыл хъӕугӕдӕр информацион фӕрӕз

© Пресс-служба президента РЮОПТРК "Ир"
ПТРК Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта национ телерадиокомпанийы кусджытӕн, кӕцытӕ къуырисӕры нысан кӕнынц телеканалы сӕвзӕрдыл 26 азы сӕххӕст

ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" ӕнусы цыппӕрӕм хайӕ фылдӕр у иууыл хъӕугӕдӕр дзыллон-информацион фӕрӕз (ДИФ) Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн, фехъусын кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы ПТРК кусджытӕн, кӕцытӕ нысан кӕнынц эфирмӕ рахизыны 26-ӕм афӕдзы бон.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, телеканал кӕй сарӕзтой уӕззау ӕзты Хуссар Ирыстонӕн, ӕмӕ йӕ руаджы атыдтой информацион блокадӕ ӕмӕ радзырдтой дунейӕн цауты тыххӕй, кӕцытӕ ӕцӕг цыдысты республикӕйы.

"Абоны бон телерадиокомпани у иууыл хъӕугӕ дӕр ДИФ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн. Журналисттӕ дӕттынц объективон информаци республикӕйы царды тыххӕй, хъусын кӕнынц паддзахадон органты архайды тыххӕй, бавдисынц ног сфӕлдыстадон проекттӕ ӕмӕ цымыдисон авторон алӕвӕрдтӕ", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Президент фидарӕй загъта, телеканалы кусджыты профессионалон миниуджыты руаджы куысты ӕмвӕзад ноджы кӕй фӕбӕрзонд кӕндзысты.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон телеуынынад сарӕзтой ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕсты фӕстӕ – 16 марты 1994 азы. Уыцы рӕстӕджы коллективӕн нӕ уыд стыр фадӕттӕ, техникӕ, фӕлӕ энтузиазм ӕмӕ патриотизмы руаджы уыдон къуыри ӕртӕ хатт хызтызты эфирмӕ. Уый фӕстӕ националон телеуынынад рацыд стыр фӕндаг, фӕхуыздӕр техникон ифтонггарз, коллективмӕ ӕрбаиу сты ног курдиатджын журналисттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0