Библи ирон æвзагыл рауадздзысты Аланийы дзуарæфтыды 1100-азон юбилеймæ

© Photo : IMBFБибли
Библи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аланийы чырыстон дины райстыл 1100 азы сæххæсты цытæн сæйраг мадзæлттæй иу суыдзæн Библийы рауагъд ирон æвзагыл

ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонид æруынаффæ кодта Уæрæсейаг Библион æхсæнадимæ (УБӔ) библи ирон æвзагыл рауадзыны актуалон фарстыл. Фембæлд уагъд æрцыд Данилайы номыл моладзандоны, Мæскуыйаг патриархаты æддагон дзуарон бастдзинады хайады.

Патриархы фембæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Патриарх Кирилл хорзыл банымадта Аланийы Дзуарæфтыды 1100 азы цытæн мадзæлттæ

Фембæлды хайадисджытæй иу Вадим Жижин банысан кодта, 2020 азы июны кæй балхынцъ уыдзæн Ног Фæдзæхст æмæ Рагон фæдзæхсты канонон текстты тæлмац ирон æвзагмæ. Уый фæстæ æрывналдзысты мыхуыры агъоммæ цæттæгæнæн куыстытæм.

"Архиеписком Леонидимæ фембæлды æрдзырдтам, Библийы мыхуыр хаст кæй æрцæудзæн Аланийы Дзуарæфтыды фæлгæтты мадзæлттæм. Мах лыстæггай æруынаффæ кодтам рауагъды детальтыл. Уымæй дарддæр ма дзырд цыд фидæны æнæканонон тексттæ ратæлмац кæныныл дæр", - радзырдта Жижин.

Библийы ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын у Библийы тæлмац кæныны институт æмæ Уæрæсейаг Библион æхсæнады иумæйаг проект. Лингвисттæ æмæ динамонджытæ кусынц проектыл ныр цыппæрæм азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0