Хуссар Ир сæхгæдта йæ арæн уæрæсейæгтæй дарддæр иннæ фæсарæйнæгтæн

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уынаффæ рахастæуыд республикæмæ коронавирусы æрбахызт æмæ апарахат ма руыдзыны нысанæн. Тобæ ныридæгæн бацыд йæ тыхы

ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, хъусын кæны РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Ленингоры районы ахуырадон уагдæтты басгæрстой коронавирусы ныхмæ профилактикон куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры районы сгарынц коронавирусы ныхмæ профилактикон куыст

Уынаффæ рахастæуыд республикæмæ коронавирусы (COVID-19) æрбахызт æмæ апарахат ма руыдзыны нысанæн. Тобæ ныридæгæн бацыд йæ тыхы æмæ адарддæр уыдзæн апрелы æмбистæм. Абоны онг коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц дунейы 158 бæстæйы схызт 180 мин адæймаджы онг.

"Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, Хуссар Ирыстоны территоримæ æрбахизыны фæдыл разыдзинады гæххæттытæ 16 мартæй фæстæмæ кæй нал дæттæм Уæрæсейы æмбæстæгтæй дарддæр иннæ фæсарæйнæгтæн. Арæнæвæрд адарддæр уыдзæн 15 апрелы онг", - фехъусын кодтой уагдоны.

Цалдæр боны размæ республикæйы хицауад фехъусын кодта 60 бæстæйы æмбæстæгтæн арæны сæхгæды тыххæй. Афтæ ма иууылдæр æхгæд æрцыдысты Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны æхсæн уадзæн пункттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0