Хуссар Иры ссардзысты Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЕреды трагеди
Ереды трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл. Фӕлӕ, фыдохы митинг, кӕцы нывонд у Ереды трагедийӕн, уӕддӕр ауадздзысты

ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Югосетпотребнадзор тобӕ сӕвӕрдта культурон ӕмӕ спортивон акцитӕ ауадзыныл, фӕлӕ уӕддӕр республикӕйы ацӕудзысты цалдӕр мадзалы. Культурӕйы министр Зассеты Жанна куыд банысан кодта, афтӕмӕй ӕртыццӕджы, 18 марты, Хуссар Ирыстоны ӕрымысдзысты Ереды трагедийы амӕттӕгты.

"Мах уӕддӕр ауадздзыстӕм ацы мадзал. Мах схиздзыстӕм сӕ уӕлмӕрдмӕ, сӕвӕрдзыстӕм дидинтӕ ӕмӕ ауадздзыстӕм чысыл митинг. Йӕ бон кӕмӕн уа, уыдон ӕрбацӕудзысты. Мах ӕнӕмӕнг хъуамӕ ссарӕм ацы трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ", - загъта Зассеты Жанна.

Афтӕ ма дыццӕджы, 17 марты, ацӕудзӕн семинар библиотекӕты ӕмӕ клубты кусджытӕн.

Хуссар Ирмӕ ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн

"Уыдон сты кусӕгон моменттӕ. Бонӕй 12 сахатыл ацӕудзӕн Хъуылымбегты Роберты фыццаг лекци. Уый фӕстӕ ацӕудзысты практикон ахуыртӕ, семинар балхынцъ уыдзӕн чысыл спектаклӕй", - банысан кодта министр.

1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0