Нӕй ныббарӕн ӕмӕ ферохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanЕреды трагедийы афӕдзы бон
Ереды трагедийы афӕдзы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзиаг националистты фыдракӕндты амӕттӕгтӕ баисты республикӕйы 12 сабыр цӕрӕджы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ фыдгӕнджыты нӕ бафхӕрдтой

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Згъудеры уӕлмӕрды, цы ран ӕфсымӕрон ингӕны баныгӕдтой гуырдзиаг националистты 12 амӕттаджы, ӕрӕмбырд сты дӕсгай адӕм, уыдон сӕвӕрдтой дидинтӕ сабыр цӕрджыты ингӕнмӕ.

1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.

Фыдохы митингы президент Бибылты Анатолий банысан кодта, ӕвирхъау митӕ, кӕцытӕ сӕххӕст кодтой гуырдзиаг ӕфсӕддонтӕ, никуы бамбӕрдзӕн хуымӕтӕг адӕймаг.

© Sputnik / Natalia AiriyanЕреды трагедийы афӕдзы бон
Нӕй ныббарӕн ӕмӕ ферохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты  нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, ирон адӕмы геноцид, кӕцы райдыдта 1920 азы, адарддӕр кодтой 90-ӕм ӕзты дӕр.

"Ацы аз мах уадзӕм мысӕн мадзӕлттӕ ирон адӕмы геноциды 100-ӕм афӕдзы боны цытӕн, ӕмӕ нӕ фӕнды равдисын дунейӕн, этнос скуынӕг кӕнын у фыдракӕнд дзыллӕйы ныхмӕ. Уый нӕй гӕнӕн ныббарын ӕмӕ ферох кӕнын. Мах ӕрвылаз ӕрӕмбырд вӕййӕм ам, афтӕ ма Зары фӕндагыл ӕмӕ 7 августы дӕр, цӕмӕй ноджы иу хатт ӕрсидӕм дунейы ӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй бамбарой, геноцид ма банымайын дӕр у стыр фыдракӕнд", - загъта президент.

Историкон зонадты кандидат Тадтаты Таймураз банымадта Ереды трагеди иууыл ӕвирхъаудӕр цаутӕй сӕ иуыл ирон адӕмы историйы.

© Sputnik / Natalia AiriyanЕреды трагедийы афӕдзы бон
Нӕй ныббарӕн ӕмӕ ферохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты  нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Трагедийы амӕтттӕгты бинонты номӕй раныхас кодта Дыгъуызты Николай.

"Бузныг, кӕй нӕ рох кӕнут ацы трагеди. 29 азы рацыд, фӕлӕ мах хъуамӕ ма рох кӕнӕм фыдмитӕ, кӕцытӕ арӕзтой гуырдзиӕгтӕ нӕ адӕмӕн", - загъта Дыгъуызты Николай.
© Sputnik / Natalia AiriyanЕреды трагедийы афӕдзы бон
Нӕй ныббарӕн ӕмӕ ферохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты  нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Фыццаг хатт уголовон хъуыддаг 12 ироны амарыны фӕдыл бакодтой 14 апрелы 1991 азы. Ӕрӕмбырд кодтой фӕдагуырды ӕрмӕджытӕ, фӕлӕ сабыр цӕрджыты амарыны аххосджынты нӕ бафхӕрдтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0