Хуссар Иры милицийы кусджытӕн бафиддзысты сӕ мыздты хӕстӕ

© Sputnik / Егор Еремов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры милицийы кусджытӕн бафиддзысты хӕстӕ сӕ мыздты фӕдыл
Хуссар Иры милицийы кусджытӕн бафиддзысты хӕстӕ сӕ мыздты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кусджытӕ сӕ мыздтӕ фӕкъаддӕр сты РХИ ӕмӕ УФ хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы бадзырды ӕмгъуыд кӕй фӕцис, уый аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ райсдзысты ӕххӕст бӕрцуаты январӕй фӕстӕмӕ сын цы нӕ бафыстой, уый. Афтӕ ма барадхъахъхъӕнджытӕн сӕ мыздтӕ дӕр фӕфылдӕр уыдзысты, загъта парламенты рабадтыл закондӕттӕг органы спикер Тадтаты Алан.

РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ загътой сӕ хъуыды кусджыты мыздтӕй фӕурӕды уавӕры тыххӕй

Азы райдайӕны Хуссар Ирыстоны МХМ кусджыты хай фехъусын кодтой, 2020 азы фыццаг мызд кӕй уыд къаддӕр, афтӕмӕй барадхъахъхъӕнджытӕн сӕ мызд хъуамӕ фӕфылдӕр уыдаиккой.

Парламенты рабадтыл ацы фарст рахаста депутат Дьяконты Амиран. Уый банысан кодта, МХМ кусджытӕ ныры онг кӕй нӕ исынц ӕххӕст мызд. Афтӕмӕй, уыдонӕй бирӕтӕн ис кредиттӕ, кӕцытӕ сӕ бон нӕу бафидын.

"Ацы адӕм райсдзысты ӕххӕст бӕрцуаты январӕй фӕстӕмӕ сын цы нӕ бафыстой, уый. Афтӕ ма сын сӕ мыздтӕ дӕр фӕфылдӕр кӕндзысты. Уӕрӕсейы хицауады ивындзинӕдтӕ фӕкъуылымпы кодтой ацы фарсты фӕдыл бадзырд бафыссын", - загъта спикер Тадаты Алан.

Уымӕй дарддӕр спикер бахӕс кодта бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Джиоты Еленайӕн ӕркӕсын милицийы кусджыты кредитты фарстмӕ.

2017 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы барадхъахъхъӕнджыты мыздтӕ фылдӕр кодтой фӕрӕзты руаджы, кӕцытӕ рахицӕн кодта Уӕрӕсе бадзырдмӕ гӕсгӕ, кӕцы бафыстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интаграцийы бадзырды фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0