ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik, Дриаты Лейла. Уанат-Цхинвалы донуадзæны æппæт куыстытæ дæр кæронмæ бахæццæ уыдзысты сæрды æмбистæм. Уæд æппæт хъомысадæй скусдзæн донуадзæн, кæцы суткæй дæргъы дæтдзæн 15 мин кубометры дон. Уый тыххæй Sputnik радзырдта куыстуат "Водоканал"-ы сæйраг инженер Джиоты Инга.
Проекты арæзтад дих æрцыд дыууæ хайал. Ивгъуыд аз ам арæзтадон куыстытæ кодта фирмæ ООО "СТМ-Юг". Уый донуадзæнæн йæ ратæдзæнæй горæтмæ бакодта æппæт куыстытæ.
Донуадзæн куыстытæй дарддæр ма фирмæ Присы хъæумæ хæстæг сарæзта дыууæ егъау донæмбырдгæнæны, кæцыты цæуы 7 мин кубометр дон. Аразджытæн æххуыс кодтой "Водоканал"-ы кусджытæ дæр.
Джиоты Инга куыд зæгъы, афтæмæй хæтæлтæ уагъд æрцыдысты ахæм бынæтты, цæмæй мацы зиан æрхæссой, цы хъæутыл рацыдысты, уыдоны цæрджытæн.
"Цæмæй донуадзæн æппæт гуырахстæй скуса, уый тыххæй хъæуы горæты дæр бæрæг куыстытæ бакæнын. Хъæуы зæронд цъайты раивын ранæй-рæты, кæнæ та сæ ныссыгъдæг кæнын", - банысан кодта инженер.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг азты кæд бирæ уынгты ивд æрцыдысты доны хæтæлтæ, уæддæр нырма фылдæр ран сты æдзæллаг уавæры.
"Тагъд бавналдзысты ахæм куыстытæм Нæузæхонты, Революцийы, Белинскийы, Плиты Ароны, Хъайтарты, Кимы æмæ Табуты æфсымæрты уынгтыл", - ранымадта Джиоты Инга.
Проекты аргъ у 400 милуан сомы, донуадзæнæн йæ дæргъ та у 16 км. бæрц.