Уæлахиздзаутæ æмæ номдзыд уазджытæ: Цхинвалы рабæрæг кодтой хуыздæр богалты

© Sputnik / Элина ГабараеваУæлахиздзаутæ æмæ номдзыд уазджытæ: Цхинвалы рабæрæг кодтой хуыздæр богалты
Уæлахиздзаутæ æмæ номдзыд уазджытæ: Цхинвалы рабæрæг кодтой хуыздæр богалты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахиздзауты фылдæр хай уыдысты бынæттонтæ, фондз лæппу Цæгат Ирыстонæй ахастой сызгъæрин майдантæ, иу уæлахиздзау та уыд Мæскуыйæ

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Иры рабæрæг сты уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты æфсымæрты номарæн турниры уæлахиздзаутæ. Ерыстæ æрæмбырд кодтой номдзыд богалты æмæ рабæрæг кодтой 22 уæлахиздзауы, загъой Sputnik Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

Номарæн турниры тохтæ цыдысты 2005-2006 æмæ 2007-2008 гуырд спортсменты хсæн, æдæппæт архайджыты нымæц уыд 150, се хсæн Ирыстоны цæгатæй дæр.

"Ӕдæппæтæй турниры тох цыд 22 категорийы. Уæлахиздзауты фылдæр хай уыдысты бынæттонтæ, фондз лæппуйы Цæгат Ирыстонæй ахастой сызгъæрин майдантæ, иу уæлахиздзау та уыд Мæскуыйæ", - загътой пресс-службæйы.

Тохтæ цыдысты дыууæ боны дæргъы. Официалон баконд ацыд хуыцаубоны, спорты галуан "Олимп"-ы.

Цхинвайлаг богалтæ рамбылдтой цыппар майдан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг богалтæ рамбылдтой цыппар майданы

Спортивон мадзалмæ фæуазæг сты Хуссар Иры разамынад, уæгъдибар хъæбысхæсты ирон стъалытæ æмæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы уæнгтæ.

Тедеты æфсымæртæ Владимир æмæ Альберты номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй цæуы дыккаг аз, йæ организатор у Хуссар Ирыстоны спортивон хъæбысхæсты федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0