ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн бакусын æддагон политикæйы концепцийыл.
Бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта йæ хæслæвæрд æртыццæджы, республикæйы адæм æмæ парламентмæ йæ ныстуаны рæстæджы.
"Хæс кæнын фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн 2020 азы бакусын Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы концепци æмæ йæ бавдисын президентмæ", - загъта Бибылты Анатолий.
Президент йæ сидты дзуры бæстæйы мидæггагон æмæ æддагон политикæйыл, социалон къабазыл, хъахъхъæнынад æмæ фæткæвæрдон фарстытыл.
Бæстæйы сæргълæууæг ратдзæн къорд хæслæвæрды, кæцытæ здæхт уыдзысты Хуссар Ирыстоны царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ.
Документ хъуамæ æххæст æрцæуа афæдзы дæргъы, президенты раныхасы фæстæ хицауад æрæвналдзæн йæ реализацийыл кусынмæ.