Цхинвалы историон сыхæй иу аварион хæдзар: куыд уыдзæн йæ фидæн, йæ хъысмæт

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзуттæгты квартал
Дзуттæгты квартал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цы хъæуы саразын Гаглойты Хазбийы уынгыл 12-æм аварион хæдзарæн, уый тыххæй Sputnik радзырдтой сæ хъуыдытæ цæрджытæ, бардарджытæ æмæ историон цыртдзæвæнты хъахъхъæнджытæ

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Плиты Фатима. Цхинвалы Дзуттæгты кварталы иу хайы цæрджытæ хатынц, цæмæй цалынмæ ницы фыдбылыз æрцыд, уæдмæ сæ фервæзын кæной раздæры ветеринарон лабораторийы кæлæтдзаг бæстыхаййæ. Цыртдзæвæнты хъахъхъæнынады хайад та сиды ацы кварталы æппæт "карджын" арæзтæдтæ дæр, гæнæн уæвгæйæ, бахъахъхъæнын.

Аварион бæстыхай ис Гаглойты Хазбийы уынгыл, хæрз хæстæг æм ис цалдæр хæдзары, иуты дзы цæры адæм, аннæтæ тæссаг бынатæй сæхи айстой æндæр бынæттæм.

© Sputnik / Natalia AiriyanДзуттæгты квартал Цхинвалы
Цхинвалы историон сыхæй иу аварион хæдзар: куыд уыдзæн йæ фидæн, йæ хъысмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуттæгты квартал Цхинвалы

Ивгъуыд къуыри та радон хатт хæдзарæн ракалд йæ сис. Бæстыхай æркæлын æввонг кæй у, уый æнæ специалисты скъуыддзагæй дæр зыны, æнæфыдæбонæй амадæй райсæн ис агуыридуртæ.

Тæрсæм!

Тæссаг хæдзармæ æввахс ма цæргæйæ баззадысты Тедеты Бечыр æмæ йæ бинойнаг Джиоты Тамара.

"Тæрсæм. Мæ хæдзармæ бахизæнæн йæ уæлæ ис. Ӕрвылбон дæр гæнæн ис æмæ æркæла", - катай кæны Тамара.

Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, кæлæддзаг хæдзар алы тыхдымгæ æмæ æвзæр боныгъæды дæр хайгай райдайы кæлын.

"Къуыри размæ бæстыхайы иу хай æркалд, иууылдæр ралыгъдыстæм йæ уынæрмæ. Ахæм рыг дзы сыстад æмæ загътам, бæстыхай ссыгъд. Ацы бонты та йæ сис ногæй æркалд фæндагмæ. Нæхицæн дæр куыннæ тæрсæм, фæлæ йæ тæккæ фæрсты уынгæг тротуарыл цæуынц сывæллæттæ. Уый аразынæн нал бæззы, фæлæ йæ калгæ уæддæр акæнæт", - дзуры ацы районы цæрæг Танделаты Римма.

© Sputnik / Natalia AiriyanДзуттæгты квартал
Цхинвалы историон сыхæй иу аварион хæдзар: куыд уыдзæн йæ фидæн, йæ хъысмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуттæгты квартал

Бæстыхай æфснайд æмæ ног арæзт уынджы æнæркастæй фæлгæсы, йæ хатæнты зилдух кæны дымгæ, мидæгæй у йедзаг агъуысты кæлæнтæй. Изæрыгон дзы æхсæвиуат кæнынц дзæгъæл куыйтæ.

"Советон дуджы уыд ветеринарон лаборатори, стæй йæ райстой арендæйы, ныр кæй у, уый дæр нæу бæрæг. Мæ цæрæнуат - Базарадон уынджы 3 хæдзар - йæм ис хæрз æввахс, фæлæ дзы тæрсын æмæ 2008 азæй фæстæмæ цæрын мæ цæгаты. Ацы бæстыхай куы ахафиккой, уæд ын истытæ кæнин, се ʻххуыс дæр мæ нал хъæуы, кæдмæ цæрон искæй къуымты", - радзырдта сыхы иннæ цæрæг Джиголаты Лиана.

© Sputnik / Natalia AiriyanДзуттæгты квартал
Цхинвалы историон сыхæй иу аварион хæдзар: куыд уыдзæн йæ фидæн, йæ хъысмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуттæгты квартал

Нæй документтæ

Раздæры ветеринарон лабораторийы бæстыхай кæддæр уыд Хъæууон хæдзарады министрады балансыл, фæлæ йын ныридæгæн нæй бæлвырд документтæ.

"Хæдзарæн ницы документтæ ис, басыгъдысты 2008 азы хъæууон хъæдзарады бæстыхайимæ иумæ. Ӕрæджы хицауады ныхас цыд къамис саразын тыххæй, кæцы паддзахадон исады гæххæтытæ сног кæндзæн. Куыддæр уыдон сцæттæ уой, афтæ аскъуыддзаг кæндзыстæм йæ дарддæры хъысмæт", - загъта хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев.

Бæстыхайæн ныппырх кæнæн куыд ис, афтæ йын ис среставраци кæнæн дæр

Культурæйы министрады цур цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады гæс Табуты Нелли та Sputnik загъта, Дзуттæгты квартал иууылдæр реестры кæй ис фыццаг номырæй, куыд "историон сых", хицæнæй ацы амад куыд цыртдзæвæн афтæ нысангонд нæу.

"Цхинвалы алцыдæр ныппырх кæнæн ис, "Облпотребсоюз"-ы бæстыхай - æгас горæты иууыл уындджындæр хæдзар - куы ахафтой, уый фæстæ. Банысангонд бæстыхайæн ныппырх кæнæн куыд ис, афтæ йын ис среставраци кæнæн дæр. Паддзахадæн фæндон куы уаид, уæд йæ йæ рагон хуызы сфидар кæнид, дунейы куыд кæнынц афтæ æмæ ацы район уаид рагон горæты аив къуым", - загъта Табуты Нелли.

Уый ма банысан кодта, ацы кварталы арæзтады æртæ этап бæлвырд кæй сты историон бæрæггæнтæм гæсгæ.

"Ацы район цалынмæ пырх райдыдтой, уæдмæ сбæлвырд кодтой йæ арæзтады æртæ этапы – XVI, XVIII æмæ XIX æнустæ. Ӕз дæн æппæт зæронд хæдзæртты пырх кæныны ныхмæ, фæлæ кæд адæмы цардæн тæсаг у, уæд æй хъæуы ныппырх кæнын, науæд та адæмы æндæр бынаты æрцæрын кæнын", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Natalia AiriyanДзуттæгты квартал
Цхинвалы историон сыхæй иу аварион хæдзар: куыд уыдзæн йæ фидæн, йæ хъысмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуттæгты квартал

Аварион бæстыхай лæууы столицæйы централон хайы, закондæттæг орган æмæ Алайнаг епархийы сæйраг аргъуанмæ хæстæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0