Цхинвалы сæ куыст æрурæдтой спортивон секцитæ

© Sputnik / Наталья АйриянСпорты галуан "Олимп"
Спорты галуан Олимп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коронавирусы апарахат ма руадзыны нысанæн æхгæд æрцыдысты Спорты комитеты дæлбар уагдæттæ се ʻппæт дæр, тобæ аххæсдзæн 31 мартмæ

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы спорты галуан "Олимп" рæстæгмæ æрурæдта йæ куыст. Уагдон у æхгæд Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты барамындæй, фехъусын кодта Sputnik спорты галуаны директор Табуты Роберт.

Компьютерон клуб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы карантиныл кæронмæ сæхгæдтой хъазæн залтæ

Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕтты 18 мартӕй фӕстӕмӕ расидтысты карантин коронавирусы пандеми ӕмӕ сезонон гриппы фӕзынды тыххӕй, фæстæдæр столицæйы кæрæдзи фæдыл æхгæнын райдыдтой спортивон секцитæ. Рекомендацимæ гæсгæ аивтой хиирхæфсæн мадзæлттæ, æрурæдтой хъазæн залты куыст, ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты кафетæ æмæ ресторанты куыстмæ.

"Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма руадзын нысанæн Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет радта барамынд йæ дæлбар уагдæтты куыст æруромын рæстæгмæ. Кæд карантин нæ адарддæр кæной, уæд галуан скусдзæн æрвылбонон режимы 31 марты", - загъта Табуты Роберт.

Уый ма банысан кодта, спорты галуан æхгæд кæй у куыд спортивон секциты хъомылгæнинæгтæн, афтæ уазджытæн дæр.

Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы кусы бокс, аивдон æмæ эстетикон гимнастикæ, уæззау атлетикæ, армрестилнг, ленк кæнын æмæ æндæр секцитæ. Хистæр кары адæмæн ам кусы бассейн æмæ тренажерон зал.

Спорты комитеты барамындæй сæ куыст æрурæдтой Спорты скъола æмæ Боксы скъола дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0