Дзуттæгты кварталы цæрджытæ хатынц, цæмæй сæ фервæзын кæной кæлæддзаг хæдзарæй - видео

Рафыссын
Аварион бæстыхай ис Гаглойты Хазбийы уынгыл, хæрз хæстæг æм ис цалдæр хæдзары, иуты дзы цæры адæм, аннæтæ тæссаг бынатæй сæхи айстой æндæр бынæттæм

Цхинвалы Дзуттæгты кварталы иу хайы цæрджытæ хатынц, цæмæй цалынмæ ницы фыдбылыз æрцыд, уæдмæ сæ фервæзын кæной раздæры ветеринарон лабораторийы кæлæддзаг бæстыхаййæ. Цытдзæвæнты хъахъхъæнынады хайад та сиды ацы кварталы æппæт "карджын" арæзтæдтæ дæр, гæнæн уæвгæйæ, бахъахъхъæнын.

Цы хъæуы саразын Гаглойты Хазбийы уынгыл 12-æм аварион хæдзарæн, уый тыххæй Sputnik видеойы сæ хъуыдытæ радзырдтой цæрджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0