Хуссар Иры хицауад бакодта ног арӕнӕвӕрдтӕ коронавирусы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады уынаффӕ кусдзӕн 28 мартӕй 12 апрелы онг. Арӕнвӕрдтӕ баст сты базарадон-ирхӕфсӕн центртӕ, ӕхсӕнадон транспорты куыст ӕмӕ массон мадзӕлттӕ организаци кӕнынимӕ

ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад сӕххӕст кодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны нысанӕн. Хицауады уынаффӕ рахастой министрты кабинеты рабадтыл майрӕмбоны.

Дохтыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантин кусы: Хуссар Иры фӕкъаддӕр КРВИ ӕмӕ гриппӕй рынчынты нымӕц

Хицауад аскъуыддзаг кодта расидын карантин 28 мартӕй кафетӕ, ресторантӕ ӕмӕ хӕрӕндӕтты, ацы арӕнвӕрӕд нӕ хаудзӕн хӕрӕндӕттӕм, кӕцытӕ кусынц "рахастыл".

Сӕхгӕндзысты фитнес-центртӕ, рӕсугъддзинады салонтӕ, бассейнтӕ, спортивон комплекстӕ ӕмӕ базарадон центртӕ (хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕй дарддӕр). Афтӕ ма хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, спортсментӕн нӕй гӕнгӕн цӕуын республикӕйӕ спортивон мадзӕлттӕм.

Уынаффӕмӕ гӕсгӕ, йӕ куыст ӕруромдзӕн ӕхсӕнадон транспорт дӕр, ӕрмӕстдӕр кусдзысты мидӕггагон рейстӕ микрорайонтӕ "Цӕгаттаг" ӕмӕ "Хурзӕрин"-мӕ.

Ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕн ис кредиттӕ, карантины рӕстӕджы аргъӕвдзысты ӕхцатӕ фидыны ӕмгъуыд.
Афтӕ ма хицауады банхъардтой ма аразын чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ фӕкъаддӕр кӕнын уазджыты нымӕц зиӕнттыл.

Паддзахадон службӕтӕ ӕмӕ организациты кусджытӕн карантины рӕстӕджы бар нӕ уыдзӕн ацӕуын республикӕйы территорийӕ, сӕ хистӕртӕ сӕ куы нӕ ауадзой, уӕд.

"Республикӕйы территорийӕ ацӕуӕн ис ӕрмӕстдӕр медицинон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, кӕнӕ та кусӕгон балцы", - банысан кодтой хицауады рабадтыл.

Уымӕй дарддӕр, министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытӕн бахӕс кодтой арвитын хӕдзӕрттӕм кусджыты, кӕцытыл цӕуы 65 азӕй фылдӕр, афтӕ ма иугӕндзойнон рынчынты.

Хицауады уынаффӕ сӕххӕст кӕнынмӕ йӕ хъус дардзысты Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фадыгонтӕ ӕмӕ инспектортӕ.

Республикӕйы президент бахӕс кодта МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой хисӕрмагонд изоляцийы режим фехалджытӕм.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры карантиныл сӕхгӕндзысты ӕхсӕнадон бынӕттӕ

Министр банысан кодта, Югосетпотребнадзоры къухдариуӕгад кӕй радта барадхъахъхъӕнӕг органтӕм ӕмбӕстӕгты номхыгъдтӕ, кӕцытӕ сты хисӕрмагонд изоляцийы режимыл.

Афтӕ ма, гоймӕгтӕ, кӕцытӕ ӕрцӕуынц республикӕмӕ фӕсарӕнтӕй, хъуамӕ фехъусын кӕной се ‘рцыды тыххӕй "тагъд ӕххуысы" телефонмӕ.

Республикӕйы генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг банхъардта бакӕнын уголовон ӕмӕ административон бӕрн гоймӕгты фӕдыл, кӕцытӕ халынц санитарон-эпидемиологон фӕтктӕ.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0