Лауызгæнæнтæ: цы нысан кӕнынц адæмон æмæ чырыстон æгъдаумæ гæсгæ

Рафыссын
Лауызгæнæнтæ аргъуан амоны аразын æртæ хатты, дыууæ хатты та сæ скæнынц рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ, уыимæ бæттынц тауæн куыстыты райдыд

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны майрæмбоны нысан кæнынц фæстаг Лауызгæнæн аргъуан æмæ адæмон æгъдаумæ гæсгæ. Ирон фынгтыл мæрдты мысæн изæр - майрæмбонæй сабатмæ æхсæвы зианджын бинонтæ рухс фæкæнынц лауызтæ, дзæрнайæ.

Чырыстонтæ Лауызæгæнтæ аразынц æртæ хатты - Стыр Комдарæнæн йæ дыккаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм сабаты.

"Стыр Комдарæны фыццаг сабат у Тутыртæ, стæй йæ фæстæ цæуынц Лауызгæнæнтæ. Аргъауаны нымадмæ гæсгæ, бон райдауы æртæ сахатыл, уымæн æй нысан кæнынц майрæмбон изæры. Уæд адæм скæнынц лауызтæ, сæн, дон æмæ дзæрна æрбахæссынц аргъуанмæ, мах сыл скуывды фæстæ саргъауæм, уый фæстæ сæ ахæссынц хæдзæрттæм æмæ сæххæст кæнынц се ʻгъдау", - радзырдта Sputnik фыд Иаков.

Адæмон æгъдаумæ гæсгæ та Лауызгæнæнтæ аразынц дыууæ хатты. Историон зонæдты кандидат Кокойты Азайы ныхæстæм гæсгæ, ацы æгъдау æнгом баст уыд зæххы куыстимæ.

Кæмæн фæлдисынц суадæттæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Актер, поэт æмæ хæсты хъайтартæ: кæмæн фæлдисынц суадæттæ Хуссар Иры

"Фыццаг Лауызгæнæны фынгæн сцæттæ кæнынц мæнæу дæр. Мæрдтæн-иу дзы рухс куы загътой, æрмæстдæр æй уый фæстæ кодтой таугæ. Дыккаг лауызгæнæны фынгмæ та цæттæ кодтой нартхор, уымæн дæр йæ тауыны рæстæг цыд фæстаг лауызгæнæны фæстæ", - загъта ахуыргонд.

Уый ма радзырдта, зæгъгæ, фыдæлты уырнынадæ гæсгæ фыццаг Лауызгæнæны мæрдтæ  æрцæуынц ацы дунемæ стæры.

"Мæрдтæ иу къуырийы æмгъуыдмæ вæййынц зæххыл, фыццыл Лауызгæнæнæй сыл сæмбæлæм, дыккагæй та сæ афæндараст кæнæм се ʻнусон бынатмæ. Стыр хъусдард ацы бонты нæ фыдæлтæ здæхтой хæдзары сыгъдæгдзинадмæ, къуымты хоры нæмыг макуы хъуамæ уыдаид, цæмæй бинонтæн аз хорз ацыдаид. Нæмыгыл мæрдтæ куы фæхæст уыдаиккой, уæд уый нысан кодта, бинонтæм уыцы аз кæй æрцæудзæн зиан", - бафтыдта Кокойты Аза.

Лауызтæ кæд адæмæн сты уарзон аходæн, уæддæр сæ сæйраг нысан у мæрдты ном ссарын. Адæмы уырнынады æрфидар ахæм хъуыды, лауызтæ цы бинонтæ не сцæттæ кæнынц, уыдонæн сæ мæрдтæ уыцы бæстæйы баззайынц æнæаходæнæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0