Хуссар Иры президент бахӕс кодта райсын хъусдардмӕ продукттӕ ӕмӕ хосты ӕргътӕ

Рафыссын
Инфекцийы апарахат ма ‘руадзын ӕмӕ цӕрджыты продукттӕй ӕмӕ медикаменттӕй сифтонг кӕныны фӕдыл мадзӕлттыл ӕрдзырдтой паддзахады сӕргълӕууӕджы рабадтыл, цы ран хайад райстой хицауад ӕмӕ оперативон штабы уӕнгтӕ

ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта ма ‘руадзын продукттӕ ӕмӕ хосты ӕргъты фӕфылдӕр коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй. Паддзахады сӕргълӕууӕг къуырисӕры ауагъта рабадт коронавирус COVID-19-имӕ тох кӕныны мадзӕлтты фӕдыл Хуссар Ирыстоны.

Уӕрӕсе 30 мартӕй фӕстӕмӕ тобӕ сӕвӕрдта арӕны уылты цӕуыныл коронавирусы пандемийы тыххӕй.  Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ мӕт кӕнынц, уый фӕдыл хӕлцадон продуктты ӕргътӕ кӕй схиздзысты бынӕттон дуканиты.

"Бибылты Анатолий бахӕс кодта райсын хъусдардмӕ хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтекты ӕргътӕ. Ӕргътӕм сӕ хъус дардзӕн Ӕргътӕ аразыны фӕдыл хайад ӕмӕ Генералон прокуратурӕ", - хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Афтӕ ма падзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын хицауады уынаффӕ уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлтты тыххӕй республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны фӕдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕд нӕ бандавдзӕн Хуссар Ирмӕ продуктты ӕрбаластыл

Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны фӕдыл. Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты 13 апрелы онг.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.

Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 723 мин адӕймаджы 177 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 34 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 1 534. COVID-19 вирусӕй фӕмард сты 8 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0