Битеты Алан: равдыстон залы уавæр фадат нæ дæтты нывгæнджытæн сæ куыстытæ равдисынæн

© Sputnik / Наталья АйриянБитеты Алан
Битеты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдыстон галуаны цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц , уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы сæрдар Битеты Алан
Битеты Алан: архайæм цæмæй равдыстадон галуан сцалцæг кæнæм

Цхинвалы равдыстон зал цалдæр азы æдзæллаг уавæры кæй ис, уый зындгонд у алкæмæн дæр. Нывгæнджытæн нæй фадат, цæмæй сæ куыстытæ равдисой, æмбæлон домæнтæн цы бæстыхай дзуапп кæны, ахæм ран. Уымæ гæсгæ тагъд æрæвналдзысты равдыстон залы цалцæг кæнынмæ.

Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Битеты Алан куыд радзырдта, афтæмæй фыццаджыдæр бæстыхайæн хъæуы раивын йæ агъыст, уый фæстæ райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ.

"Галуанæн сæйрагдæр у йæ агъуыст, иу хай дзы авгæй у, æмæ уырдыгæй тæдзы, йæ хъæдæрмæг дæр у æмбыд, уый куы саразой, уæд æнцондæрæй ацæудзæн дарддæры куыст", - банысан кодта Алан.

Алан ма банысан кодта, ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты фæдыл нывгæнджытæн июны Мæскуыйы кæй хъуамæ ацыдаид равдыст, фæлæ йæ карантины тыххæй аргъæвтой. Уыцы равдыст ныр ацæудзæн Цхинвалы.

"Кæд рæстæгыл бæстыхай сцæттæ уа, уæд равдыст ауадздзыстæм уым", - загъта Битеты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0