Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой сылгоймаджы хӕдзармӕ бабырсты тыххӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæХъадамантӕ
Хъадамантӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдракӕнд ӕрцыд ацы аз февралы. Зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймӕгтӕй иуы уайтагъд ӕрурӕдтой, дыккаг ӕмбӕхст милицийӕ иу мӕй ӕмӕ ӕрдӕг

ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы горӕты 51-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзармӕ бабырсыны. Уый тыххӕй хъусын кӕны дыццӕджы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

"Мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзармӕ бабырсты дыккаг зӕрдӕхсайгӕйы. Фыдгӕнӕджы бакодтой фӕдагуырды изолятормӕ", - банысан кодтой МХМ.

Фыдракӕнд ӕрцыд 19 февралы: дыууӕ нӕлгоймаджы маскӕты хӕцӕнгарзимӕ бабырстой сылгоймаджы фатермӕ ӕмӕ дзы байстой 350 мин сомы. Фыдгӕнджытӕй иуы уайтагъд ӕрурӕдтой, дыккаджы та агуырдтой иу мӕййӕ фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0