Бибылты Анатолий бахӕс кодта бакусын мадзӕлттыл Уӕлвӕткон уавӕр расидыны рӕстӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы территоримӕ коронавирус ӕрбахызты тас фӕфылдӕр Цӕгат Ирыстоны фыццаг фӕрынчынуӕвджыты фӕзынды фӕстӕ, банысан кодта президент хицауады рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта бакусын бӕстӕйы Уӕлвӕткон уавӕр расидыны фадатыл COVID-19 коронавирус куы фӕзына, уӕд.

Инфекциимӕ тохы мадзӕлттыл ӕрдзырдтой ӕртыццӕджы хицауады рабадтыл, кӕцы ацыд паддзахады сӕргълӕууӕджы къухдариуӕгады бын.

Президент бахахх кодта, республикӕйы территоримӕ коронавирусы ӕрбахызты тас кӕй фӕфылдӕр Цӕгат Ирыстоны фыццаг фӕрынчынуӕвджыты фӕзынды фӕстӕ.

"Иу хатт ма сидӕм республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй уой хъусдараг. Ног пандеми у тӕссаг алкӕцы ӕмбӕстагӕн дӕр. Сидын уӕм ма хизын хӕдзӕрттӕй. Мах лӕууӕм не ‘фсымӕрты фарс, ӕмӕ семӕ фӕтых уыдзыстӕм ацы тӕссагдзинадыл", - загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма, президент бахӕс кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕтӕн, цӕмӕй Югосетпотребнадзоримӕ иумӕ дезинфекци кӕной уӕзласӕн автотранспортон фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ цӕуынц республикӕмӕ уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг-Рукъ"-ы уылты.

Таможнæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад арæнæвæрдтæ бакодта Уæрæсемæ ацыдæн

Рабадты рӕстӕджы ма аскъуыддзаг кодтой рӕстӕгмӕ Уæрæсеимæ арæны сæрты хизыныл арæнæвæрдтæ бакæнын 2 апрелӕй сӕрмагонд барамынды онг.

Арӕны сӕртыл хизыныл тобӕ сӕвӕрдта уӕрӕсейаг хицауад дӕр 30 мартӕй фӕстӕмӕ, арӕнӕвӕрдтӕ хауынц алкӕцы бӕстӕмӕ дӕр, кӕцытимӕ Уӕрӕсейӕн ис арӕн, сӕ нымӕцы Хуссар Ирыстон дӕр.

Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны фӕдыл. Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты 13 апрелы онг.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0