Хуссар Иры медицинон центр райста уæлæмхас æрмæг

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры медицинон центр райста уæлæмхас æрмæг
Хуссар Иры медицинон центр райста уæлæмхас æрмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикон рынчындон сифтонг кодтой медицинон маскæтæй, æмрæстæджы цæттæ цæуынц интенсивон терапийы палатæтæ

ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад сифтонг кодта рынчындон медицинон маскæтæй, уæлæмхасæй ифтонг цæуы инфекцион службæ, фехъусын кодта Sputnik министрады пресс-секретарь Битеты Ирина.

Хуссар Ирмӕ ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн

Рынчындон райста 5 мин медицинон маскæйы æмæ 100 респираторы.

"Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад йæ уæвгæ фæстауæрцæй рахицæн кодта уæлæмхасæй медицинон маскæты радон парти республикон медицинон центрæн. Æппæт хайæдтæ ифтонг 'рцыдысты маскæтæй, уæлæмхас хъусдард здæхт æрцæудзæн инфекцион службæмæ", - загъта Битеты Ирина.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, коронавирусы апарахат тас хынцгæйæ уæлæмхасæй ифтонг цæуы инфекцион службæ хъахъхъæнæн дарæсæй.

"Ахæм костюмтæ нæм никуы ма уыд, уымæн æмæ ахæм эпидемийы тас дæр никуы уыд. Уыимæ иумæ ма цæттæ цæуынц интенсивон терапийы палатæтæ, уым сæвæрдзысты рæуджыты вентиляцийы аппараттæ, æдæппæтæй уыдзысты 10", - бафтыдта пресс-секретарь.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 937 мин адӕймаджы 180 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 48 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Фыццаг дыууæ фæрынчынуæвæджы тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0