Цӕгат Иры райдыдтой ахуыр кӕнын дохтырты-терапевтты коронавирусы ныхмӕ тох кӕнын

Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у цыппар адӕймаджы – цыппар цау дӕр сбӕрӕг кодтой Беслӕны. Медицинон хъусдарды бын сты 548 цӕрӕджы

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны медицинон академийы Клиникон рынчындоны бындурыл Дзӕуджыхъӕуы дохтырты-терапевтты ахуыр кӕнынц коронавирусы апарахыты уавӕрты архӕйдтыты алгоритмтӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Лаборатори Гемотест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры фӕфылдӕр коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

Цӕгат Ирыстоны COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у цыппар адӕймаджы – цыппар цау дӕр сбӕрӕг кодтой Беслӕны. Фӕрынчынуӕвджытӕ сты хиуӕттӕ, кӕцытӕ кӕрӕдзиимӕ контакт кодтой.

Медицинон хъусдарды бын сты 548 цӕрӕджы. Республикӕйы ис хисӕрмагонд изоляцийы режим, кӕцыйы рӕстӕджы нӕй гӕнӕн хӕдзӕрттӕй хизын ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй.

Цӕгат Ирыстоны медицинон академийы анестезиологи, реанимаци ӕмӕ интенсивон терапийы кафедрӕйы хистӕр, профессор Виталий Слепушкины ныхӕстӕм гӕсгӕ, терапевттӕ фыццаг сӕмбӕлынц коронавирусыл ӕмӕ райдайынц йемӕ тох кӕнын.

"Ацы дохтырты ахсджиаг хӕслӕвӕрд у ма бауадзын рынчыны бахауын реанимацимӕ, цы ран ӕй баиу кӕнынц рӕуджыты вентиляцийы аппаратмӕ. Сӕ раст архайдыл бирӕ у баст", - банысан кодта профессор.

Дыккӕгӕм апрелы райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 3548 (уыдонӕй 2457 Мӕскуыйы). Фӕстаг суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 771 фӕрынчынуӕвӕджы. COVID-19-ӕй фӕмард сты 30 адӕймаджы.

Медицинон хъусдарды бын сты 200 мин адӕймагӕй фылдӕр, ауагътой коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл 500 мин тесты.

Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 937 мин адӕймаджы 180 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 48 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0