ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы районы Дампалеты хъæуы цæрæг Кæркуысты Сикъойы ном Хуссар Иры айхъуыст куыд дæсны скульптор, адæмон хосгæнæг æмæ æнахуыр фидар æнæниздзинады хицау.
Путины уынг Монастъеры дæр ис
Дампалеты хъæуы ныр дæр хорз хъуыды кæнынц сæ номдзыд æмзæххоны, кæд адунейæ æрдæг æнусæй фылдæры размæ аивгъуыдта, уæддæр.
Кæркусыты Сикъойы бынтæм фæндæгтæй иу цæуы Монастъеры хъæуыл. Ам сæ тæмæны сты уалдзыгон куыстытæ – къахынц цæхæрæдæттæ, æхсæдынц сæнæфсир. Хъотайты Шотайы хæдзары сисыл цæхæртæ калы уæлфыст - Владимир Путины уынг, фыццаг хæдзар.
"2008 азы хæсты размæ схæлар дæн уæрæсейаг æфсæддонтимæ, уыдонимæ фынгыл бадгæйæ мæ сæйраг куывдтæй иу уыд Путины цæрæнбон. Уыдон мын балæвар кодтой ацы уæлфыст æмæ йæ сæ номыл дарын", - загъта Монастеры цæрæг Хъотайты Шота.
Дыууæ хосгæнæджы иу бинонтæй
Хъæуы цæрджытæ уайтагъд бамбарынц, сæ хъæумæ æнæзонгæ адæмæн цымыдис цы æвзæрын кæны. Уыдон сты Монстъеры кувæндон æмæ адæмон скульптор æмæ хосгæнæнг Кæркуысты Сикъо. Сикъойы хъæуы цæрджытæ фылдæр бæрцæй зонынц куыд арæхстджын хосгæнæг, кæцы æвæрдта гипстæ æмæ раст кодта æлвæсттæ.
"Сыхаг хъæутæй дæр æм цыдысты. Æлвæст-иу уайтагъд сæвæрдта, дыууæ фæйнæгæй-иу сбаста цъæл бынат, гипсы бæсты та пайда кодта хыссæ æмæ æйчыты бурæй, мæнæн мæхи æфсымæрæн дæр афтæ схос кодта", - радзырдта хъæуы цæрæг Багаты Петр.
Кæркуысты Сикъо бинонты хсæн иунæг дохтыр нæу, йе ʻфсымæр та хъуыстгонд у куыд фосæн хосгæнæг.
"Бæхтæн дæр вæййы сæхирдыгонау грипп æмæ сын тынг тæссаг у. Сикъойæн йе ʻфсымæр та кæрдæжытæй хос кодта бæхтæн. Фæлæ йæ зонындзинæдтæ никæмæн бацамыдта, афтæмæй ацыд йе ‘нусон бынатмæ", - бафтыдта лæг.
Нывгæнæг-примитивист
Абон иртасджытæн æмæ ахуыргæндтæн цымыдисон сты Кæркуысты Сикъойы скульптурон куыстытæ. Сæ "архайгæ равдысттæ" фенæн ис Монастъеры кувæндоны цур уæлмæрды, Дзауы районы, иууыл фылдæр та дзы ис Дампалеты хъæууон уæлмæрды.
Иууыл хуызджындæр сты лæугæ цыртытæ. Кæцыдæртыл рæстæг нæ бацауæрста, фæлмæн дуры мыггæгтæй кæй сты, уымæ гæсгæ кæцыдæр фыстытæ æмæ фæлгонцтæ сты зын равзарæн. Уæлфысттæ сты гуырдзиаг æвзагыл.
"Ингæны хуысгæ дуртæ сты бирæ, лæугæ цыртытæ - къаддæр. Йæ фæстаг куыстытæй иу у йæ æмкъайы дур, уый фæзиан ивгъуыд æнусы астæу. Уымæн йæ ингæныл ис уырыссагау фыст", - банысан кодта Багаты Петр.
Зындгонд археолог, историон зонæдты доктор, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты кусæг Дзаттиаты Руслан дæр зонгæ у скульпторы куыстытимæ.
"Сикъо йæхæдæг уыд Дзауы районæй рацæугæ, уымæ гæсгæ йæ куыстытæ бацагурын хъæуы Уыцы фарс дæр. Уый уыд нывгæнæг-примитивист. Цыртыты иу миниуæг цæсты хауы – адæймагæн йæ цæсгом кæсы размæ, къæхтæ та цæуынц рахизæрдæм. Уый æрмæст Сикъомæ не ‘мбæлы, афтæ у дунейы мастертæм дæр. Ӕвæццæгæн, уый барынц хуры змæлдимæ – къæхтæ сты хурныгулæны ʻрдæм. Адæймаджы мæлæты аххосаг дæр ныв кодтой рахизфарс", - загъта ахуыргонд.
Уый ма банысан кодта, ахæм цыртдзæвæнтæ ма кæй ис Дзимыры комы дæр, фæлæ уым сты цъус.
"Ахæм дуртæ ма арæзта Хъороты Миха дæр, уый та уыд Ерманæй. Уымæн стæй та аразын кодтой найгæнæн дуртæ", - бафтыдта Дзаттиаты Руслан.
Ӕнусæй фылдæры дæргъæн цард
Кæркуысты Сикъойы ном ма хъуыстгонд уыд куыд тынг карджын лæг дæр. Хицæн бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уый фæцард 134-120 азы.