ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг дизайнер Бекъойты Хох ӕрурӕдта йӕ коллекци хуыйын ӕмӕ срӕвдз кодта маскӕты рауагъд медицинон уагдӕттӕн. Ӕрмӕгӕй пайда кӕнӕн ис цалдӕр хатты, ис ын ӕхсын ӕмӕ дезинфекци кӕнӕн, фӕхъусын кодта Sputnik модельеры ӕххуысгӕнджытӕй иу Хъуылымбегты Елена.
© Из личного архива Елены КулумбеговойЦхинвайлаг дизайнер йӕ хуыйӕн ӕрмадз ракодта маскӕтӕ хуыйынмӕ

Цхинвайлаг дизайнер йӕ хуыйӕн ӕрмадз ракодта маскӕтӕ хуыйынмӕ
© Из личного архива Елены Кулумбеговой
Амӕй размӕ ӕхсӕнады сарӕх сты ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуссар Иры медицинон уагдӕттӕ цӕттӕ не сты коронавирусы фӕзындмӕ. Фыццаг рады дзырд цыд индивидуалон хъахъхъӕнӕн ӕрмӕгыл.
"Дизайнер аскъуыддзаг кодта, ныр зӕгъгӕ коллекци хуыйыны рӕстӕг нӕу ӕмӕ нӕ тых радтам маскӕтӕ хуыйынмӕ. Фыццаг уал сӕ радтам не 'ввахс адӕмӕн, знон сӕдӕйӕ фылдӕр бахастам инфекцион службӕйӕн, байуӕрстам дзы ТЭК-ы базары. Нӕ продукци схуыдтам "Вечные маски" , уымӕн ӕмӕ сӕ иннӕты уӕлдай пайда кӕнӕн ис цалдӕр хатты", - загъта Елена.
Уый ма банысан кодта, медицинон уагдӕтты маскӕтӕ кӕй сты хъӕугӕ ӕрмӕг, уымӕ гӕсгӕ та сын гӕнӕн уӕвгӕйӕ феххуыс кӕндзысты.
© Из личного архива Елены КулумбеговойДизайнер Бекъойты Хох

Дизайнер Бекъойты Хох
© Из личного архива Елены Кулумбеговой