ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад скъолаты къӕбицты хӕлцад уары ӕххуысхъуаг ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтыл, фехъусын кодтой Sputnik министрады пресс-службӕйы. Хӕлцады хызынтӕ лӕвӕрд цӕуынц скъолаты номхыгъдтӕм гӕсгӕ.
"Ӕххуысхъуаг бинонты хӕлцадӕй ифтонг кӕнынц. Ахуырадон уагдӕтты кусынц къӕбицтӕ ӕмӕ карантины рӕстӕджы уыдон сӕ куыст кӕй ӕрурӕдтой, уымӕ гӕсгӕ сӕм сӕвзӕрд хӕлцады фӕстауӕрц. Тыхтонты ис фӕцӕрынӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ продукттӕ", - загъта уагдоны пресс-службӕйы кусӕг Плиты Яна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзӕлттӕ ист цӕуынц, цӕмӕй карантины рӕстӕджы ӕххуысхъуаг бинонтӕ ма фӕцух уой продукттӕй.
"Скъолайы хӕрӕндӕтты продукттӕн нырма стыр ӕмгъуыд ис, фӕлӕ карантины бирӕ ныййарджытӕ лӕууынц ӕнӕкуыстӕй, уымӕ гӕсгӕ сӕ аскъуыддзаг кодтам байуарын тыхст бинонтыл. Кӕм ӕххӕсынц, уыцы скъолатӕ дӕттынц хӕлцад бирӕсывӕллонджын бинонтӕн дӕр", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕтты коронавирусы апарахаты тасӕй карантин бакодтой 18 марты.