Хуссар Иры Ӕфснайæн банк йе  'фстауджынтæн адарддæр кодта сæ хæс фидыны æмгъуыд

© Sputnik / Михаил ХасиевБанк
Банк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстиаты тыххæй пениятæ нæ сæвæрдзысты, стæй сæ кредитон истори дæр нæ фæхалдзысты уымæй, банысан кодта банчы сæрдар

ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ӕфснайæн банк йе  'фстауджынтæн адарддæр кодта сæ хæс фидыны æмгъуыд 15 маймæ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сæрдар Джиоты Жанна.

Кредитон организацитæн хæстæ фидыны æмгъуыд адарддæр кæныны хæслæвæрд радта президент Бибылты Анатолий коронавирусы апарахаты тасæй бакæнгæ карантины тыххæй.

"Нæ банчы клиенттæ хæсджын сты алы мæйы 15 нымæцмæ дæр сраст уæвын, фæлæ ныр куы фæфæстиад кæной, уæд сын пениятæ нæ сæвæрдзыстæм, стæй сæ кредитон истори дæр нæ фæхалдзысты уымæй", - загъта Джиоты Жанна.

Уый ма банысан кодта, Ӕфснайæн лагъз кæй кусы æрвылбонон режимы.

"Банк йæ клиенттимæ кусы райсом фарастæй изæры фондз сахатмæ. Ӕрмæст мидæмæ иу рæстæджы фондз адæймагæй фылдæрæн хизыны бар нæй", - бафтыдта банчы сæрдар.

Ног хабӕртты лентӕ
0