Ӕнусон проблемӕ: Цхинвалы дон ногӕй цӕудзӕн графикмӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Eugene Odinokov /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы донифтонгад ногӕй цӕудзӕн графикмӕ гӕсгӕ
Цхинвалы донифтонгад ногӕй цӕудзӕн графикмӕ гӕсгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног доны хӕтӕл Уанат-Цхинвалы арӕзтад балхынцъ уыдзӕн азы кӕрӕттӕм, уый руаджы горӕт донӕй ӕнӕсцух ифтонг цӕудзӕн, банысан кодтой Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы

ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвал ӕмӕ Дзауы поселок дыууӕ мӕйы дӕргъы дон исдзысты сӕрмагонд графикмӕ гӕсгӕ. Столицӕйы къухдариуӕгад ӕрвылаз ракӕны горӕт донифтонгады ахӕм режиммӕ, уымӕн ӕмӕ уалдзӕджы мит райдайы тайын, уарынц къӕвдатӕ ӕмӕ счъизи кӕнынц магистралон хӕтӕл Едыс-Цхинвал, кӕцыйы уылты дон цӕуы столицӕмӕ.

Цхинвалы администрацийы дзырд дӕттынц аскъуыддзаг кӕнын донифтонгады проблемӕ ацы азы кӕронмӕ.

"Ацы проблемӕ фӕзыны ӕрвылаз марты кӕрӕттӕй июны райдайӕнмӕ. Хӕхты мит тайы, уары къӕвда, уый фӕдыл дон счъизи вӕййы ӕмӕ мах ахицӕн кӕнӕм уӕлӕмхасӕн резервуартӕ Брытъат ӕмӕ Дзомагъы. Ӕнӕ уыдонӕй магистралон доны хӕтӕл фаг нӕу, уый фӕдыл мах райдыдтам дӕттын дон графикмӕ гӕсгӕ", - загъта Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы генералон директор Цхуырбаты Алан.

Сӕрды райдайӕнмӕ Дзауы поселок дӕр исдзӕн дон 00.00 сахатӕй 12.00 сахатмӕ ӕмӕ 15.00-ӕй 00.00 сахатмӕ ӕрвылбон. Ахӕм графикмӕ гӕсгӕ дон цӕудзӕн микрорайонтӕ "Цӕгаттаг", "Мӕскуыйаг" ӕмӕ БАМ-мӕ.

Присы хъæумæ хæстæг арæзт æрцыд дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дон уыдзæн сыгъдæг æмæ фаг: фæуд кæнынц Уанат-Цхинвалы донуадзæны куыстытæ

Микрорайнтӕ ЦАРЗ, "Фаллаг фарс" ӕмӕ Харебаты Исахъхъы уынгӕй Дзадтиаты Тотырбеджы уынджы онг донифтонагд цӕудзӕн 7.00 сахатӕй 11.00 сахатмӕ. Харебаты Исахъхъы уынгӕй Гафезы уынджы онг дон цӕудзӕн боны дыккаг хай – 18.00-ӕй 23.00 сахатмӕ.

Горӕты къухдариуӕгады ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн Уанат-Цхинвал доны хӕтӕлы арӕзтад. Цхуырбаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтад балхынцъ уыдзӕн ацы аз декабры, ӕмӕ фидӕны столицӕ ӕххӕст бӕрцуатӕй пайда кӕндзӕн ног доны хӕтӕлӕй. Афтӕ ма уый уыдзӕн фӕстауӕрцон, сӕйраг магистраль Едыс-Цхинвалы проблемӕтӕ куы фӕзыной, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0