Хуссар Иры арӕн Уӕрӕсеимӕ уыдзӕн ӕхгӕд 1 майы онг

© Sputnik / Natalia AiriyanУӕрӕсеимӕ арӕн
Уӕрӕсеимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы период республикӕмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдон ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ ацӕуой хисӕрмагонд изоляци дыууӕ къуырийы дӕргъы

ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл арӕнӕвӕрдтӕ 1 майы онг.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент 8-20 апрелы расидт улӕфт бонтӕ

Мадзӕлттӕ ист цӕуынц цӕрджыты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны нысанӕн коронавирусы пандемийы уавӕры. Тобӕ бахиздзӕн йӕ тыхы 13 апрелы.

Афтӕ ма хицауад сфидар кодта ӕмбӕстӕгты категоритӕ, кӕцытӕм нӕ хауы ацы уынаффӕ. Арӕнӕвӕрдты период арӕнгӕрон пункт "Рукъ"-ы уылты хизыны бар уыдзӕн сӕрмагонд барлӕвӕрдмӕ гӕсгӕ райсом аст сахатӕй изӕры аст сахатмӕ.

Афтӕ ма республикӕмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдон ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ ацӕуой хисӕрмагонд изоляци 14 боны дӕргъы.

Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад сабаты бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн кӕронмӕ сӕхгӕдтой 12 апрелы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0