Дзудцаты Тамерланы фæрцы Ирыстоны театрдзаутæ бирæ спектакльтæ федтой. Уый сценæмæкæсджыты размæ рахаста æрмæст ирон уацмыстæ нæ, фæлæ ма дунейон классикты уацмыстæ дæр. Тамерлан ахуыр кодта Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны актерон факультеты. Фæлæ уый фæстæ Мæскуымæ ацыд режиссеры дæсныйад райсынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый стыр аргъ кæны курдиат æмæ профессионализмæн.
"Кæй фæнды театрмæ æрбацæуын кусынмæ, уый фыццаджыдæр хъуамæ бакуса йæ миддунейыл, цæмæй суа профессионал", - загъта режиссер.
Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, актер хъуамæ бирæ куса, цæмæй ма фесафа йæ профессионалон миниуджытæ.
"Артист хъуамæ куса йæ ныхасыл, сценæйыл куыд архайы, кæд бахъæуа, уæд заргæ дæр акæна. Ис нæм ахæм артисттæ, кæцытæ сæ фæлгонцыл алыварсонæй бакусынц", - бафиппайта Тамерлан.
Режиссер иу къахдзæф раздæр хъуамæ уа актерæй, Тамерланы хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй йæ бон суа артистæн бамбарын кæнын, цы фæлгонц равдисдзæн, уый.