Хъахъхъӕнынады министр фехъусын кодта Хуссар Иры ӕдасдзинады сӕйраг ӕртхъирӕнтӕ

© Sputnik / Георгий Базаев /  Ахизын медиабанкмæНАТО Гуырдзыстоны
НАТО Гуырдзыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министры хъуыдымӕ гӕсгӕ, бӕлвырд ныхмӕлӕууӕджы ӕфсадӕй дарддӕр ӕдасдзинады ӕртхъирӕн у ӕхсӕнадӕмон терроризм

ЦХИНВАЛ, 13 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинады сӕйраг ӕртхъирӕн цӕуы Гуырдзыстонӕй, фехъусын кодта эксклюзивон интервьюйы Sputnik хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим.

Олег Ширан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК сӕрдар радзырдта республикӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ интересты бастдзинадыл

Министр банысан кодта, республикӕ сомбон кӕй уыдзӕн конфликты Гуырдзыстонимӕ, кӕцыйы къухдариуӕгад нӕ разы кӕны райсын йӕхимӕ бӕрндзинад тыхӕй ма пайда кӕныны фӕдыл.

"Гуырдзыстон нывӕнды бахизын НАТО-йы скондмӕ. Уагъд цӕуынц алыгъуызон ахуыртӕ нӕ арӕнтӕм хӕстӕг НАТО-йы къухдариуӕгады бын. Бӕлвырд ныхмӕлӕууӕджы ӕфсад фӕстаг 15-20 азмӕ бакодтой НАТО-йы стандарттӕм, семӕ активонӕй кусынц америкайаг инструктортӕ", - загъта Гассеты Ибрагим.

Афтӕ ма министры хъуыдымӕ гӕсгӕ, республикӕйы ӕдасдзинадӕн ӕртхъирӕн хӕссы ӕхсӕнадӕмон терроризм. Гассеты Ибрагим банысан кодта, терроризм гӕнӕн ис кӕй суа ӕцӕг ӕртхъирӕн Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинадӕн, афтӕ ма расайа арӕнгӕрон локалон конфликттӕ, кӕцытӕ уый фӕстӕ ахиздзысты егъау ӕфсӕддон агрессимӕ.

Министр банысан кодта, ацы фарстытӕ иууылдӕр кӕй сты Хуссар Ирыстоны националон ӕдасдзинады концепцийы, кӕцыйы бындурыл Хъахъхъӕнынады министрад аразы Ӕфсӕддон доктринӕ, кӕцы ӕввахс рӕстӕджы бавдисдзысты президентӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0