Фӕцӕфуӕвӕг цхинвайлаг солдаты арвыстой Дзӕуджыхъӕуы рынчындонмӕ

© Sputnik / Alexei Sukhorukov /  Ахизын медиабанкмæФӕцӕфуӕвӕг цхинвайлаг солдаты арвыстой Дзӕуджыхъӕуы рынчындонмӕ
Фӕцӕфуӕвӕг цхинвайлаг солдаты арвыстой Дзӕуджыхъӕуы рынчындонмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг лӕппуйы ӕрбакодтой рынчындонмӕ схъисджын цӕфтимӕ – зианбаййафӕгӕн бахъыгдард сты йӕ цӕстытӕ

ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты фӕцӕфуӕвӕг ӕрсидтон солдаты аластой Цӕгат Ирыстоны ӕфсӕддон рынчындонмӕ, фехъусын кодта Sputnik республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг анестезиолог ӕмӕ реаниматолог Плиты Александр.

Дохтыр радзырдта, ӕвзонг лӕппуйы кӕй ӕрбакодтой рынчындонмӕ схъисджын цӕфтимӕ къуырисӕры изӕры.

"Пациентӕн бахъыгдард ис йӕ уадул. Йӕ галиу цӕст фесӕфта, фӕлӕ рахиз нырма гӕнӕн ис фервӕзын кӕнын", - загъта Плиты Александр.

Дохтыр бахахх кодта, цӕфтӕ кӕй нӕ хӕссынц ницы тас ӕвзонг лӕппуйы цардӕн.

Хъахъхъӕнынады министрады уадзынц равзӕрстытӕ цауы аххосӕгтӕ ӕмӕ ӕууӕлты фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0