Ирон боксер Гасситы Мурӕт радта тест коронавирус рафӕлгъауынӕн

© Instagram/ Мурат ГассиевИрон боксер Гасситы Мурӕт радта тест коронавирус рафӕлгъауынӕн
Ирон боксер Гасситы Мурӕт радта тест коронавирус рафӕлгъауынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсмен Гасситы Мурӕт ӕрсидт йӕ фанаттӕм баззайын хӕдзӕртты ӕмӕ радзырдта, COVID-19 сбӕрӕг кӕныны тыххӕй кӕй радта тест

ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Дунейы экс-чемпион боксӕй WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕт ӕмӕ УФ Боксы федерацийы сӕргълӕууӕг Умар Кремлев радтой тесттӕ коронавирус сбӕрӕг кӕныны тыххӕй, фехъусын кодта йӕ фарсыл Instagram-ы спортсмен.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты тох аивтой коронавирусы тыххӕй

Гасситы Мурӕт ныммыхуыр кодта, тест дӕттыны рӕстӕджы йын цы къам систой, уый ӕмӕ фехъусын кодта, сӕ дыууӕйӕн дӕр кӕн уыд ӕппӕрццаг дзуапп.

 

"Знон Кремлев Умаримӕ радтам тесттӕ коронавирусы фӕдыл, абон ӕрцыдысты дзуаппытӕ - мах стӕм сыгъдӕг", - ныффыста боксер.

Ирон спортсмен ма бахатыд адӕммӕ, цӕмӕй баззайой хӕдзӕртты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.

Дунейы, ӕртыццӕджы райсоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 1 956 077 адӕймаджы, низ ахаста 125 адӕймаджы цард.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0