Цхинвалы цæрæг фыднады фæстæ амард рынчындоны

© Sputnik / Наталья АйриянРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнæниздзинадæн стыр зиан æрхæссын, кæцы æркодта мæлæтмæ – ахæм статьямæ гæсгæ Генералон прокуратурæ кусы уголовон хъуыддагыл

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы цæрæг, кæцыйы мæйы райдайæны фæкодтой фыднад, ахицæн йæ цардæй рынчындоны. Азымджынæн йæ статья фæкарздæр уыдзæн, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры Генералон прокуратурæйы фæдагурæг Харебаты Артур.

Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой фӕнӕмыны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой фӕнӕмыны тыххӕй. Зианбаййафӕг ис уӕззау уавӕры

Нæлгоймаджы 4 апрелы æрдæгмардæй ссардтой Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы æмæ йæ баскъæфтой рынчындоны реанимацимæ. Уыцы бон Генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг цауы фæдыл, ахст æрцыд зæрдæмæхсайгæ адæймаг.

"Уголовон хъуыддаг цыд æнæниздзинадæн стыр зиан æрхæссыны статьяйы фыццаг хаймæ гæсгæ, ныр ахиздзæн статьяйы цыппæрæм пунктмæ, зианбаййафæг кæй амард, уымæ гæсгæ", - загъта Харебаты Артур.

Амæй размæ Генералон прокуратурæ фехъусын кодта, слесгæнæн куыстыты рæстæджы бæлвырд кæй æрцыд зæрдæхсайгæ, уый разынд Хуссар Ирыстоны 36-аздзыд цæрæг, кæцы басаст йæ рæдыдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0