ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Цхинвалы районы барадхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ медицинон кусджытӕ басгӕрстой хӕдзарон карантиныл уӕвӕг цӕрджыты.
Цхинвалы районы иумӕйагӕй хисӕрмагонд изоляцийы режимы сты 33 адӕймаджы – сӕ фылдӕр хайӕн дыууӕкъуырион карантины режим фӕуд кӕны. Нысангонд ӕрцыд, уыцы ӕмбӕстӕгтӕ иууылдӕр кӕй ӕрцыдысты ӕвзӕр эпидемиологон уавӕримӕ бӕстӕтӕй.
Районы цӕрджытӕ бӕрнон ахаст дарынц карантины режим ӕххӕст кӕнынмӕ коронавирусы апарахаты тасы тыххӕй. Уанеты Алан ӕрцыд Цӕгат Ирыстонӕй мӕйы райдайӕны, ӕмӕ цӕмӕй тас ма хӕсса йӕ бинонтӕн Цхинвалы, уый тыххӕй рӕстӕгмӕ ацыд Додоты хъӕумӕ, афтӕ ма фехъусын кодта йе ‘рцыды тыххӕй Югосетпотребнадзормӕ.
"Цалдӕр боны фӕстӕ фӕуд кӕны мӕ карантины ӕмгъуыд. Фӕлӕ куы рцыдтӕн, уӕд дызӕрдыг кодтон вирусы тыххӕй ӕмӕ уый тыххӕй аскъуыддзаг кодтон макӕимӕ контакт кӕнын ӕмӕ ацӕуын хъӕумӕ", - загъта Уанеты Алан.
Дохтыртӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй районы цӕрджытӕ, кӕцытӕ сты медикты хъусдарды бын, сты ӕнӕниз.
Республикӕйы барадхъахъхъӕнджытӕ та сӕ хъус дарынц районы карантинон режим ӕххӕст кӕнынмӕ. Милицийы кусджытӕ ӕрвылбонон рейдты рӕстӕджы не сбӕрӕг кодтой хисӕрмагонд изоляцийы режимы фехӕлдтӕ.
Хуссар Ирыстоны милицийы къордты сӕвӕрдтой медицинон уагдӕтты раз дӕр, цӕмӕй сӕ хъус дарой карантинон режим ӕххӕст кӕнынмӕ. Республикӕйы территоримӕ коронавирус ма ‘руадзыны нысанӕн, милицийы экипажтӕ ацӕуынц автотранспортимӕ дӕр, кӕцы ӕрцӕуы Хуссар Ирыстонмӕ, ӕмӕ сӕ бакӕнынц республикон бирӕпрофилон медицинон центры онг.