Цхинвалы милиционеры фӕрцы фервӕзт саби

© SputnikРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллон хуыдыг кодта, ирвӕзынгӕнӕг фӕхӕццӕ кодта саби ӕмӕ йӕ ныййарӕджы рынчындонмӕ

ЦХИНВАЛ, 16 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы цӕрӕг чысыл лӕппу фервӕзт цӕрджыты хъусдарды фӕрцы. Саби аныхъуырдта пластикы авджы хай ӕмӕ хуыдыг кодта. Йӕ ныййарӕгимӕ сабийы фӕхӕццӕ кодта рынчындонмӕ МХМ кусӕг Плиты Ярик.

Капельницæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ДИФ: дохтыртæ тох кæнынц сабийы цардыл, кæцы бахауд аварийы Транскамыл

"Ӕз ӕрыздӕхтӕн куыстӕй ӕмӕ уыдтӕн мӕ хӕдзары кӕрты. Фехъуыстон уынӕр - сылгоймаджы къухы уыд сывӕллон. Йæ хъуыры фӕбадт пластикон авджы пробка", - радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг Плиты Ярик.

Сывӕллоны фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ, цы ран йын баххуыс кодтой медиктӕ ӕмӕ саби фервӕзт.

Плиты лӕппу йӕхӕдӕг йӕ архайды ӕнахуырӕй ницы уыны, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, афтӕ бакодтаид алкӕцы адӕймаг дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0