Егъау сӕндуцӕг Хуссар Ирӕй радзырдта карантины тыххӕй проблемӕтыл

© Пресс-служба президента РЮОСӕндуцӕн "Иронсӕн"
Сӕндуцӕн Иронсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Егъау сӕндуцӕн компанийы генералон директор Алексей Цапаев радзырдта Sputnik, COVID-19-ы пандемийы тасы фӕдыл арӕнӕвӕрдты тыххӕй цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд рауагъдады куысты, ууыл

ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстоны куыстуӕтты фылдӕр хай кусы штатон режимы, фӕлӕ сӕндуцӕн "Иронсӕн"-ы генералон директор Алексей Цапаевы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицауад цы мадзӕлттӕ бакодта коронавирусимӕ тох кӕнынӕн, уыдон ӕрхӕсдзысты ӕвзӕр фӕстиуджытӕ бизнесӕн.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чысыл бизнесы хурныгуылд: Хуссар Иры амалиуӕггӕнджытӕ хъаст кӕнынц карантинӕй

"Алкӕцы куыстлӕудӕн дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, вӕййы ӕвзӕр фӕстиуджытӕ. Уымӕй фӕдзӕхст ничи у", - загъта амалиуӕггӕнӕг.

Марты кӕрӕтты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад бакодта карантинон мадзӕлттӕ COVID-19-ы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ тобӕ сӕвӕрдтой цардуаджы лӕггӕдты объектты куыстыл, афтӕ ма арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл.

"Ис нын зындзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕджыты хай ласӕм Цӕгат Ирыстонӕй, ӕмӕ таможнӕ ӕхгӕд кӕй у, уый тыххӕй нӕ бон нӕу ӕрласын уӕлӕмхасӕн ӕрмӕджытӕ. Кусӕм рӕстӕмбис режимы", - банысан кодта уый.

Афтӕ ма амалиуӕггӕнӕг бахахх кодта, заводы кӕй нӕй ӕххӕст кусӕгон процесс, уагъд цӕуынц ӕрмӕстдӕр монтажон куыстытӕ. Куы бахъӕуы, уӕд куыстмӕ рахизынц цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕрмӕстдӕр кӕцыдӕр специалисттӕ. Иннӕ кусджытӕ сты хӕдзары хисӕрмагонд изоляцийы.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0