Сабанты Григорийы мысӕнӕн: Хъайтарыл сӕххӕст 110 азы

Рафыссын
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы Сырх Ӕфсады сконды тох кодтой 22 мин ӕфсӕддоны Хуссар Ирыстонӕй - алкӕцы фӕндзӕм цӕрӕг дӕр. Уыдонӕй аст ссисты Советон Цӕдисы Хъайтартӕ, сӕ нымӕцы Сабанты Григорий дӕр

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ, Советон Цӕдисы Хъайтар Сабанты Григорийыл 20 апрелы сӕххӕст уыдаид 110 азы.

Беруашвилийы бюст 29 азы фӕстӕ ногӕй ссардзӕн йӕ бынат Кады Аллейы Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беруашвилийы бюст 29 азы фӕстӕ ногӕй ссардзӕн йӕ бынат Кады Аллейы Цхинвалы

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисӕг, 46-ӕм ӕфсады 236-ӕм ӕхсыны дивизийы 496-ӕм разысгарӕн ротӕйы разысгарӕг, сержант Сабанты Григорий райгуырд Хуссар Ирыстоны Кедигорайы хъӕуы.

Григорий бацыд Сырх Ӕфсады скондмӕ 1928-1930 ӕзты, архайгӕ ӕфсады уыд 1941 азы ноябрӕй фӕстӕмӕ.

Сабанты Григорий 1943 азы 26 сентябры разысгарӕн къорды сконды Сошиновкайы (Украина) хъӕуы районы скуынӕг кодта 11 ӕфсӕддоны ӕмӕ байста знаджы техникӕ.

Боны дӕргъы къорд ныхмӕ фӕлӕууыд знаджы цалдӕр бабырстӕн, бахъахъхъӕдта иргъӕфы арӕн ӕмӕ радта ахсджиаг бӕрӕггӕнӕнтӕ ныхмӕлӕууӕджы фӕдыл.

ССРЦ Уӕлдӕр Советы Президиумы барамындӕй 1943 азы 1 ноябры хъайтардзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй сержант Сабанты Григорийӕн радтой Советон Цӕдисы Хъайтары ном, афтӕ ма Ленины орден ӕмӕ майдан "Золотая Звезда" (№ 7101).

Сабанты Григорий рацыд ССРЦ Гарзджын тыхтӕй 1945 азы. Куыста йӕ райгуырӕн хъӕуы колхозы сӕрдарӕй. 1962 азӕй фӕстӕмӕ цардис Цхинвалы, куыста партийы хуссарирыстойнаг областон комитеты. Йӕ цардӕй ахицӕн 1968 азы.

Хъайтары ном радтой Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтӕй иуӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0