ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцыты бакодтой карантины Уӕрӕсейӕ ӕрыздӕхыны фӕстӕ, сӕхи хатынц хорз, уыдонӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекци, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Ивгъуыд къуыри республикӕмӕ ӕрцыдысты ӕмбӕстӕгты дыууӕ къорды, кӕцытӕ COVID-19-ы фӕдыл арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты тыххӕй баззадысты Уӕрӕсейы. Уыдон бадзырдтой Хуссар Ирыстоны ФХМ консулон агентадмӕ Дзӕуджыхъӕуы, цы ран адӕмӕн фадат радтой ахизын арӕны уылты сӕрмагонд фӕткмӕ гӕсгӕ.
Куы ‘рцыдысты, уӕд сӕ уайтагъд бакодтой карантинмӕ республикон рынчындонмӕ, цы ран хъуамӕ ауадзой дыууӕ къуырийы.
"Сӕхи хорз хатынц. Ӕмбӕстӕгты фыццаг къордӕн тесттӕ сараздзысты сом", - загъта Гаглойты Анна.
Фӕстӕдӕр чи ӕрцыд, уыдонӕн тесттӕ сараздзысты 3 майы, бафтыдтой уагдоны.
Абоны бон Хуссар Ирыстоны хисӕрмагонд изоляцийы сты 10 адӕймаджы, 36 ӕмбӕстаджы уавӕрмӕ медиктӕ сӕ хъус дарынц стационарон уавӕрты. Ноджы ма 18 адӕймаджы карантины сты ӕмдзӕрӕндон "Алан"-ы.
Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.