Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Аслан Бжанияйӕн инаугурацийы фӕдыл

© Sputnik / Томас ТхайцукАслан Бжания
Аслан Бжания - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ Абхазы ног сӕргълӕууӕджы инаугураци ацыд цыппӕрӕмы ӕнӕ фӕсарӕйнаг уазджытӕй коронавирусы пандемийы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Аслан Бжанияйӕн Абхазы президенты бынатмӕ бахизыны фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

© Sputnik / Томас ТхайцукАслан Бжания
Аслан Бжания - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Аслан Бжания
© Sputnik / Томас ТхайцукАслан Бжания
Аслан Бжания - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Аслан Бжания
1/2
Аслан Бжания
2/2
Аслан Бжания

Республикӕйы ног сӕргълӕууӕджы инаугураци ацыд цыппӕрӕмы Сухумы. Ӕрдӕгсахатон церемони ацыд Абхазы президенты администрацийы залы ӕнӕ журналисттӕй коронавирусы пандемийы тыххӕй. Мадзалы хайад райстой ӕрмӕстдӕр оператортӕ ӕмӕ къамисджытӕ.

"Марты ӕвзӕрстыты фӕстиуджытӕ равдыстой, Абхазы ӕхсӕнад кӕй банымадта Дӕ сгуыхтдзинӕдтӕ адӕмы раз ӕмӕ хорзыл банымадта Дӕ программӕ, кӕцы здӕхт у бӕстӕйы райрӕзтмӕ", - фехъусын кодта Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы.

Афтӕ ма президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад кӕй нывӕнды дарддӕр райтынг кӕнын дыууӕварсон ахастытӕ ӕмӕ сфидар кӕнын сӕ барадон базӕ.

Бибылты Анатолийы арфӕйы фыстӕг инаугурацийыл бафарста Хуссар Ирыстоны минӕвар Абхазы Боциты Олег.

Абхазы президенты ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 22 марты. Официалон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Аслан Бжания райста Абхазы президенты ӕвзӕрстыты хъӕлӕсты 56,5 проценты.

Ног хабӕртты лентӕ
0