ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Тасойты Игорь хайад исы æппæтуæрæсейон гом онлайн-фестиваль "Спасибо за Победу!"-йы, кæцы нывонд у Стыр Уæлахизы 75 азы сæххæстæн.
Секстеты архайынц зарæггæнджтæ АИШ, Украина, Герман, Уæрæсе, Туркæй æмæ Хуссар Ирыстонæй.
"Мах æхсæз зарæггæнæгæй æндæр æмæ æндæр бæстæтæй бавдыстам зæронд хæстон зарæг "Песня военного корреспондента". Уымæй мах иууылæр цыт кæнæм, Стыр Фыдыбæстон хæты быдыры чи баззад æмæ сæрæгас цы ветерантæ сты, уыдонæн. Зарæг мыхуыр æрцыд федерлон канал "Победа"-ыл, - загъта Sputnik зарæггæнæг.
Проект конд у цалдæр этапæй, хатдзæгтæ сараздзысты Стыр Уæлахизы боны хæдразмæ.
"Радон этапты мах фæнд кæнæм сæххæст кæнын ахæм зарджытæ куыд "В лесу прифронтовом", "Журавли", 9 маймæ æввахс та азардзыстæм "День Победы". Мæн ма фæнды цæмæй ацы проекты фæлгæтты айзæла "Венский вальс" дæр, - бафтыдта уый.