Хуссар Иры бауагътой бакӕнын кӕцыдӕр цардуагон лӕггӕдты объекттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уыимӕ иумӕ, 26 апрелы онг цы арӕнвӕрдон мадзӕлттӕ хъуамӕ уыдаиккой, уыдоны ӕмгъуыд адарддӕр кодтой 30 апрелы онг

ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад бар радта бакӕнын цардуагон лӕггӕдты объекттӕ, кӕцытӕ раздӕр сӕхгӕдтой арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты тыххӕй коронавирусы апарахаты тасӕй.

Милици сгары базайрӕгты ӕргътӕ Хуссар Иры дуканитӕ ӕмӕ афтекты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милици сгары базайрӕгты ӕргътӕ Хуссар Иры дуканитӕ ӕмӕ афтекты

Цардуагон лӕггӕдты объекттӕ бакӕныны фӕдыл скъуыддзаг рахастой майрӕмбоны хицауады рабадтыл. Республикӕйы къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта бакӕнын чысыл бизнесы объекттӕ, уымӕн ӕмӕ карантинон мадзӕлттӕ ӕвзӕр ӕндӕвтой Хуссар Ирыстоны экономикӕйыл.

Майрӕмбонӕй гӕнӕн ис байгом уой базарадон объекттӕ, рӕсугъддзинады салонтӕ, массажон салонтӕ, абанатӕ,  автоцалцӕггӕнӕн ӕрмадзтӕ ӕмӕ цардуагон лӕггӕдты объекттӕ.

Уыимӕ иумӕ, 26 апрелы онг цы арӕнвӕрдон мадзӕлттӕ хъуамӕ уыдаиккой, уыдоны ӕмгъуыд адарддӕр кодтой 30 апрелы онг. Ацы датӕйы онг республикӕйы расидтысты ӕнӕкусӕгон бонтӕ.

Югосетпотребнадзорӕн бахӕс кодтой бамбарын кӕнын объектты кусджытӕн, куыд хъӕуы уадзын дезинфекци ӕмӕ хъус дарын адӕмы нымӕцмӕ бӕстыхӕйтты, цӕмӕй дзы бирӕ адӕм ма ӕмбырд кӕной.

Тобӕ дарддӕр уыдзӕн ӕндӕр объектты куыстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0