Абхазы амард фыццаг пациент коронавирусимӕ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæАбхазы амард фыццаг пациент коронавирусимӕ
Абхазы амард фыццаг пациент коронавирусимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
COVID-19-ы диагноз сӕвӕрдтой Гаграйы 95-аздзыд цӕрӕгӕн 11 апрелы. Хуыцаубоны райсом сылгоймаг амард коронавирусы фӕстиуджытӕй

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Абхазы хуыцаубоны амард фыццаг пациент COVID-19-ы диагнозимӕ, хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

Абхазы милици  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхазы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвӕджы

COVID-19-ы диагноз сӕвӕрдтой Гаграйы 95-аздзыд цӕрӕгӕн 11 апрелы, фӕлӕ уый не сразы ис госпитализацийыл 20 апрелы онг.

Сылгоймаджы Гудауты рынчындонмӕ куы бакодтой, уӕд ын уыд дыууӕварсон пневноми ӕндӕр низтимӕ.

Хуыцаубоны пациенткӕ амард коронавирусы фӕстиуджытӕ ӕмӕ ӕндӕр иугӕндзойнон низты тыххӕй.

Абхазы сбӕрӕг кодтой ног коронавирусӕй ӕртӕ фӕрынчынуӕвӕджы. Рынчынтӕ иууылдӕр, сӕ нымӕцы фӕмардуӕвӕг сылгоймаг, цардысты иу бирӕуӕладзыгон хӕдзары подъезды.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 3 милуан адӕймагмӕ ӕввахс, 205 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0