ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Италиаг журналист, фыссӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Джульетто Кьезайы мӕлӕт у стыр зиан Хуссар Ирыстоны адӕмӕн, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы тӕфӕрфӕсы телы Европарламенты раздӕры депутаты хиуӕттӕм.
"Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Ирыстоны хорз хӕлар, намысджын ӕмӕ йӕ хъуыддаджы стыр профессионал. Уый бахаста стыр хайбавӕрд Хуссар Ирыстоны ӕддагполитикон позициты райрӕзтмӕ", - банысан кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.
Джульетто Кьеза амард 79-аздзыдӕй Италийы сабаты ӕхсӕвы. Йе ‘мкъай Фьямметта Кукурния куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Кьезайӕн ӕрцыд инфаркт.
Джульетто Кьеза бирӕ хатт уыд Хуссар Ирыстоны ӕмӕ хъахъхъӕдта республикӕйы интерестӕ Европӕйы. Уый уыд хорз зонгӕ Ирыстоны истори ӕмӕ культурӕимӕ. Мӕйы райдайӕны Кьеза радта интервью радио Sputnik-ӕн Италийы царды тыххӕй карантины уавӕрты.
Джульетто Кьеза 20 азӕй фылдӕр куыста Мӕскуыйы италиаг газеттӕ l'Unita ӕмӕ La Stampa-йы уацхӕссӕгӕй. 2004 азы йӕ равзӕрстой Европарламенты депутатӕй, куыста парламентон къамисты сконды, уыд Евроцӕдис-Уӕрӕсе парламентон къамисы делагацийы уӕнг. 2010 азы Италийы сарӕзта ӕхсӕнадон-политикон змӕлд "Альтернатива".
Джульетто Кьеза ныффыста 20 чиныгӕй фылдӕр, уыдонӕй бирӕтӕ нывонд сты ССРЦ ӕмӕ Уӕрӕсейы ныры историйӕн.