Хуссар Иры уӕрӕсейаг базӕйы бакодтой коронавирусы ныхмӕ фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ

© Пресс-служба ЮВО Хуссар Иры уӕрӕсейаг базӕйы бакодтой коронавирусы ныхмӕ фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ
Хуссар Иры уӕрӕсейаг базӕйы бакодтой коронавирусы ныхмӕ фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Специалисттӕ ӕрвылбон уадзынц базӕйы территорийы дезинфекци, медиктӕ та райстой сӕ хъусдардмӕ ӕфсӕддонты ӕнӕниздзинады уавӕр

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы бакодтой коронавирусы ныхмӕ фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Республикӕйы ӕфсӕддон базӕйы контролон-уадзӕн пунктты бакодтой санитарон ӕмӕ дезинфекцион посттӕ. Ахӕм мадзӕлттӕ райстой 58-ӕм ӕфсады ӕндӕр дӕлхайӕдты дӕр Цӕгат Ирыстоны, Цӕцӕны, Мӕхъӕлы, Кӕсӕг-Балхъары ӕмӕ Дагестаны. Ӕрвылбон дезинфекци кӕнынц 70 гектары фӕзуат, дзырдӕуы хъусинаджы.

В Южной Осетии Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйыроссийскую военную базу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы

"Ӕрвылбон радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады специалисттӕ ӕфсӕддон горӕтты дезинфекци кӕнынц казармӕйон базӕйы объекттӕ, цӕрӕн бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ ӕндӕр территоритӕ", - фехъусын кодтой Хуссар ӕфсӕддон зылды.

Базӕйы территоримӕ бацӕуӕны службӕйон автотранспорт сдезинфекци кӕнынц, медиктӕ та сӕ хъус дарынц ӕрбацӕугӕ кусджыты ӕнӕниздзинадмӕ.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0