Ӕххуыс бизнесӕй: "Иронсӕн" баххуыс кодта хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй Хуссар Иры дохтыртӕн

© Комитет Югосетпотребнадзора "Иронсӕн" баххуыс кодта балхӕнын хъахъхъӕныны фӕрӕзтӕ Хуссар Иры дохтыртӕн
 Иронсӕн баххуыс кодта балхӕнын хъахъхъӕныны фӕрӕзтӕ Хуссар Иры дохтыртӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Югосетпотребнадзоры кусджытӕ загътой бузныг компанийы къухдариуӕгадӕн ӕххуысы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны егъау сӕндуцӕн компани "Иронсӕн" баххуыс кодта балхӕнын сӕрмагонд медицинон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ Югосетпотребнадзоры комитеты кусджытӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Стыр бузныг дзурӕм сӕндуцӕн "Иронсӕн"-ӕн, сӕйраджыдӕр, генералон директор Алексей Цапаевӕн ӕмӕ Таймураз Гогиновӕн комитеты кусджытӕн сӕрмагонд медицинон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ балхӕныны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Югосетпотребнадзоры кусджытӕ райстой респиратортӕ ӕмӕ хъахъхъӕнӕн медицинон костюмтӕ.

© Комитет Югосетпотребнадзора"Иронсӕн" баххуыс кодта балхӕнын хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ Хуссар Иры дохтыртӕн
Ӕххуыс бизнесӕй: Иронсӕн баххуыс кодта хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй Хуссар Иры дохтыртӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иронсӕн" баххуыс кодта балхӕнын хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ Хуссар Иры дохтыртӕн

Амӕйразмӕ республикӕ сӕрмагонд медицинон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй сифтонг кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын райдыдтой волонтертӕ, кӕцытӕ хуыйынц маскӕтӕ Хуссар Ирыстоны алыгъуызон организациты кусджытӕн, ӕмӕ Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитет Цхинвалы, кӕцы бакодта гуманитарон ӕххуыс рӕстмӕгӕнӕн колонийӕн.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Марты кӕрӕттӕй бӕстӕйы ис арӕнӕвӕрдтӕ COVID-19-ы ӕрбахызт ӕмӕ апарахаты нысанӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0