https://sputnik-ossetia.com/20200429/Tsinagary-tragedi-rokh-nikuy-uydzn-Khussar-Iry-mysynts-guyrdziag-agressiyy-amttgty--10496677.html
Цъинагары трагеди рох никуы уыдзӕн: Хуссар Иры мысынц гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты
Цъинагары трагеди рох никуы уыдзӕн: Хуссар Иры мысынц гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъинагары цӕрӕг Бестауты Эмзар радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн радзырдта сӕ хъӕуы ӕрцӕугӕ трагедийы тыххӕй 29.04.2020 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2020-04-29T12:17+0300
2020-04-29T12:17+0300
2020-05-01T12:37+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/629/76/6297679_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_5b23b87fbb19894aa8e167c38f0c5445.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2020
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/629/76/6297679_244:0:1684:1080_1920x0_80_0_0_25c504bb6881698ce64f47b1fd8fb44a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио
Цъинагары трагеди рох никуы уыдзӕн: Хуссар Иры мысынц гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты
12:17 29.04.2020 (Ранӕуӕггонд: 12:37 01.05.2020) Цъинагары цӕрӕг Бестауты Эмзар радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн радзырдта сӕ хъӕуы ӕрцӕугӕ трагедийы тыххӕй
Хуссар Ирыстоны ӕрымысыдысты Цъинагары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Фыдбылыз ӕрцыд 1991 азы 28 апрелы - уӕд Цъинагары авд цӕрӕджы фыдмард кодтой гуырдзиаг боевиктӕ.
"Уыцы уӕззау хабӕрттӕ ӕрцыдысты 29 азы размӕ. Хъӕу сабырӕй йӕхи цард кодта, уӕдмӕ фыййӕуттӕ фехъуыстой, зӕгъгӕ, сыхаг хъӕуӕй гуырдзиаг неформалты фӕндыд фос аскъӕрын. Цалдӕр ирон лӕппуйы ацыдысты ӕххуысмӕ, фӕлӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕ ӕмӕ сӕ хӕрдӕй ӕхсын райдзайдзысты. Авдӕй дзы мард ӕрцыдысты - Бибылты Гиви, Дудайты Тенгиз, Мӕргъиты Отар, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар ӕмӕ Хуыбылты Таймураз – уыдоны нӕмттӕ рох ма хъуамӕ ӕрцӕуой", - радзырдта Бестауты Эмзар.
Уый ма банысан кодта, ӕрвылаз дӕр Цхинвал æмæ районты цæрджытæ кӕй фӕцӕуынц дидинтæ æвæрынмæ трагедийы амӕттӕгты цыртмӕ.