Хуссар Иры адарддӕр кодтой коронавирусы фӕдыл арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ уыдзысты 11 майы онг, сӕ нымӕцы карантин ахуырадон уагдӕтты

ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмхъӕлӕсӕй аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ 2020 азы 11 майы онг. Хъӕлӕсӕппӕрст ацыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы къухдариуӕгады бын рабадтыл.

"Мах бакӕсдзыстӕм 8 майы онг, кӕд эпидемиологон уавӕр уа ныры хуызӕн, уӕд 12 май нымайдзыстӕм фыццӕгӕм кусӕгон боныл", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.

11 майы онг ӕхгӕд уыдзысты ахуырадон уагдӕттӕ, сывӕллӕтты хирхӕфсӕн центртӕ, кафетӕ, аттракционтӕ, компьютерон клубтӕ, физикон культурӕ ӕмӕ спорты объекттӕ, тренажерон залтӕ, бассейнтӕ, секцитӕ, ресторантӕ ӕмӕ кафетӕ.

Хуссар Ирыстоны президенты фӕдзӕхсттӕ

Республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, коронавирусон инфекци кӕй райста егъау масштабтӕ, уый фӕдыл хъӕуы фӕтыхджындӕр кӕнын Хуссар Ирыстоны территоримӕ вирусы ӕрбахызт ма ‘руадзыны фӕдыл мадзӕлттӕ.

Таможнӕйон пост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры къухдариуӕгад адарддӕр кодта Уӕрӕсеимӕ арӕныл хизыны тобӕ 31 майы онг

Президент бахӕс кодта хицауады сӕрдар - экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадийӕн срӕвдз кӕнын уадзӕн пункт "Рукъ"-ы уылты уӕзласӕн хӕдтулгӕты хизыны фӕтк, кӕцытӕ ласынц республикӕмӕ хӕлцадон ӕмӕ фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады базайрӕгтӕ.

Афтӕ ма Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой сӕххӕст кӕнын дыууӕкъуырион изоляци ӕмӕ медицинон хъусдард ӕмбӕстӕгты фӕдыл, кӕцытӕ ӕрцӕуынц Хуссар Ирыстонмӕ.

Мидхъуыддӕгты министрадӕн паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ӕххуыс кӕнын Югосетпотребнадзорӕн карантинон мадзӕлттӕ фехалджытӕм хъус дарын.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Марты кӕрӕттӕй бӕстӕйы ис арӕнӕвӕрдтӕ COVID-19-ы ӕрбахызт ӕмӕ апарахаты нысанӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0